Уæлахизтæ æмæ улæфынмæ балцæг: Хуссар Иры каратисттæ расгуыхтысты Ставрополы

Чызджытæ рамбылдтой дыууæ сызгъæрин æмæ иу æвзист майдан ерысты, бынæттон ирæттæ та командæйы схайджын кодтой Сочийы курортмæ балцæгтæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры чызг-каратисттæ рамбылдтой дыууæ сызгъæрин æмæ иу æвзист майдан Ставрополы чемпионаты, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Созайты Владимир.

Турниры стох кодтой Уæрæсейы спорты мастермæ кандидаттæ, Уæрæсейы æмбырдгонды уæнгтæ Дудайты Донна æмæ Гаглойты Диана, æртыккаг Хуссар Ирæй архайдта Тадтаты Софья.

"Сызгъæрин майдантимæ æрæздæхтысты Дудайты Донна æмæ Тадтаты Софья. Гаглойты Диана ссис æвзист призер", - загъта тренер.

Хуссар Иры ерыстæм раразмæ кодта аст адæймаджы, фæлæ транспорт фæкъуыхцы кодта хъуыддаг.

Дудайты Донна рамбылдта æппæтуæрæсейон ерыстæ

"Ерыстæ уыдысты Уæрæсейы фыццагадмæ цæттæгæнæн этап, транспорт нын кæй нæ уыд, уый аххосæй бантыст кæнын æрмæстдæр æртæ чызджы. Уый дæр хæрзгæнæг Санахъоты Виталийы фæрцы, кæцы йæхи рог хæдтулгæйыл акодта фæсивæд", - бафтыдта уый.

Ставрополы ерысты рæстæджы Хуссар Иры спортсментыл сæмбæлдысты ирон æхсæнады минæвæрттæ.

Уæлахизтæ æмæ улæфынмæ балцæг: Хуссар Иры каратисттæ расгуыхтысты Ставрополы

"Не ʻрвыл æрцыды рæстæджы дæр нын тынг лæггад кæнынц неʻмирон адæм - сæрмагонд нысаниуæджы къорд "Альфа"-йы ветеранты æхсæнадæмон ассоциацийы президент Гайты Георгий æмæ æмхæццæ æмтохæдты клубы директор Бататы Тамерлан. Ныр дæр та, уыдон нæ командæйы уæнгтæй дæсæн балæвар кодтой Сочийы сæрды иу мæйы æмгъуыдмæ улæфыны балцæг ", - загъта Созайты Владимир.

Мæйы кæрон та каратисттæ стох кæндзысты Уæрæсейы фыццагады.

Уæлахизтæ æмæ улæфынмæ балцæг: Хуссар Иры каратисттæ расгуыхтысты Ставрополы