Ног сæны бæрæгбон: Цхинвалы дыккаг хатт банысан кæндзысты "Божоле"

Ног сæны фестивальмæ авд сæнуадзæджы рахæсдзысты 2019 азы сæнфсиры тыллæджы иу хуыз - Гаме фрео сортæй арæзт "æвзонг сæн"
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны сæндуцджыты ассоциаци æрбалæугæ мæйы æртыккаг цыппæрæмы хоны æппæтдунейон традицимæ æрбамбал кæнынмæ – Цхинвалы дыккаг хатт ацæудзæн ног сæны бæрæгбон, фехъусын кодта Sputnik ассоциацийы хистæр Гаглойты Алан.

Фыццаг хатт: Цхинвалы ацыд ӕвзонг сӕны бӕрӕгбон

Ног сæны фестивальмæ авд сæнуадзæджы рахæсдзысты 2019 азы сæнфсиры тыллæджы иу хуыз - Гаме фрео сортæй арæзт "æвзонг сæн".

"Мадзалы Хуссар Ирыстоны хъуыстгонд брендты сæнтæ нæ уыдзæн, фæлæ амалиуæггæнджыты ног сæн, уымæн æмæ уымæй мах сæнтæ нæ рекламæ кæнæм, фæлæ дзы хъусын кæнæм сæны сезоны райдыды тыххæй. Нозт уыдзæн æрмæстдæр Гаме фрео сортæй", - загъта Гаглойты Алан.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, кæд сæны аннæ хуызтæн азæй-азмæ сæ гъæд кæны хуыздæр, уæд Гаме фрео та хуыздæр у "æвзонгæй".

"Ӕвзонг" сæны бæрæгбоны рæстæджы ауадздзысты хъазт-викторинæтæ, призты нымæцы гъæдджын сæнæй дарддæр ис хæдзарон уавæрты сæндуцыны хъуыддаг срæвдз кæнынæн ифтонгад", - бафтыдта уый.

Мадзалы ма цыбыр концертон нывæзт бацæттæ кæндзысты бынæттон зæрæггæнджытæ.