Вандалтӕ асастой Хуссар Иры ФХМ офисы табличкӕ Римы

Цау ӕрцыд къуырисӕры ӕхсӕвы. ФХМ официалон минӕвар банысан кодта, фыдгӕнджытӕ гӕнӕн ис кӕй уыдаиккой гуырдзиӕгтӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад (ФХМ) фехъусын кодта вандализмы акты тыххӕй уагдоны минӕварады ныхмӕ Римы.

"14 октябры ӕхсӕвы фыдгӕнджытӕ, кӕцытӕ гӕнӕн ис уыдаиккой гуырдзиӕгтӕ, сарӕзтой вандализмы акт Хуссар Ирыстоны ФХМ офисы Римы. ФХМ минӕварады бӕстыхайы разуындыл вандалтӕ асастой авг ӕмӕ систой Хуссар Ирыстоны паддзахадон символтимӕ табличкӕ", - хъусын кӕны ФХМ пресс-службӕ уагдоны официалон минӕвар Римы Мауро Мурджийы ныхӕстӕ.
Хуссар Ир ӕрсидт Италимӕ банымайын республикӕйы хӕдбардзинад

Уагдоны банысан кодтой, ӕппӕт дунейы ахӕм архӕйдтытӕ кӕй зылын кӕнынц. Афтӕ ма ФХМ фидарӕй загъта, римаг минӕварад нӕ дзуапп кӕны ахӕм провокацитӕн, уымӕн ӕмӕ уыдоны руаджы Италийы дарддӕры куыст активизаци кӕны.

Минӕварады ног табличкӕ ӕвӕрыны церемони ацӕудзӕн 26 октябры.