Бибылты Анатолий сӕвӕрдта дидинджытӕ Беслӕны амӕттӕгты монументмӕ Петербурджы

Хуссар Ирыстоны делегаци президенты сӕргълӕудӕй ӕрцыд Санкт-Петербургмӕ мадзӕлттӕм, кӕцытӕ нывонд сты Уӕрӕсейы фыццаг ирон минӕварады бакондыл 270 азы сӕххӕсты цытӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент сӕвӕрдта дидинджытӕ Беслӕны амӕттӕгты монументмӕ Санкт-Петербурджы. Цыртдзӕвӕн "Беслӕны сывӕллӕттӕн" сӕвӕрдтой Санкт-Петербурджы 2007 азы.

Бибылты Анатолий сӕвӕрдта дидинджытӕ Беслӕны амӕттӕгты монументмӕ Петербурджы

Президентимӕ дидинджытӕ сӕвӕрдтой монументмӕ Цӕгат Ирыстоны парламенты сӕрдар Алексей Мачнев, Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр, ирон ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ Санкт-Петербурджы.

Бибылты Анатолий сӕвӕрдта дидинджытӕ Беслӕны амӕттӕгты монументмӕ Петербурджы

Уый фӕстӕ Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта Фырсыгъдӕг Мад Майрӕмы фынӕты аргъуан Малоохтинскы проспектыл, кӕцыйы цур ис Беслӕны амӕттӕгтӕн цыртдзӕвӕн.

Бибылты Анатолий сӕвӕрдта дидинджытӕ Беслӕны амӕттӕгты монументмӕ Петербурджы

Хуссар Ирыстоны делегаци ӕрцыд Санкт-Петербургмӕ Ирон культурӕйы бонты хайад райсынмӕ, кӕцытӕ нывонд сты Уӕрӕсейы фыццаг ирон минӕварады бакондыл 270 азы сӕххӕсты цытӕн.

Бӕрӕгбонон мадзӕлтты рӕстӕджы, кӕцытӕ уагъд цӕудзысты Санкт-Петербурджы 23-34 октябры, байгом уыдзӕн мультимедийон историкон парк "Уӕрӕсе – Мӕ истори", кӕцыйы фӕлгӕтты уагъд цӕудзысты концерттӕ, документалон кинонывты равдыст, сорганизаци кӕндзысты национ амалиуӕгты мастер-класстӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ.