Хуссар Иры ацыдысты мастер-класстӕ ахуырады кусджытӕн

Мадзал ӕрӕмбырд кодта йӕ фӕзуатыл астӕуккаг скъолаты ахуыргӕнджыты, уырыссаг ӕвзагыл уӕлӕмхасӕн ахуырады программӕты ахуыргӕнджыты ӕмӕ библиотекӕты кусджыты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕ ӕмӕ Ленингоры поселочы ацыдысты мастер-класстӕ ахуырады кусджыты квалификацийы ӕмвӕзад фӕбӕрзонддӕр кӕныны фӕдыл проект "Уырыссаг ӕвзаг – къахдзӕф фидӕнмӕ"-йы фӕлгӕтты, хъусын кӕны Цхинвалы Уӕрӕсейаг зонад ӕмӕ культурӕйы центры пресс-службӕ.

Уарзондзинад ӕмӕ ӕууӕнк: Хуссар Иры Россотрудничество схорзӕхджын кодта цыппар бинонты

Мадзал ӕрӕмбырд кодта йӕ фӕзуатыл астӕуккаг съколаты ахуыргӕнджыты, уырыссаг ӕвзагыл уӕлӕмхасӕн ахуырады программӕты ахуыргӕнджыты, библиотекӕты кусджыты ӕмӕ республикӕйы ахуырады органты минӕвӕртты.

"Проект ӕххӕст кӕны Россотрудничество Уӕрӕсейы хуыздӕр ахуыргӕнӕдӕтты ӕрбаздахыны руаджы – Хуссар Ирыстоны мадзӕлттӕм ӕрбаздахтой Цӕгат Кавказы федералон университеты Гуманитарон институты ахуыргӕнджыты", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Проекты хайадисджытӕн уыд фадат райсын Цӕгат Кавказы федералон университеты ахуыргӕнджыты фӕлтӕрддзинад, хайад райсын мастер-классты, дискуссион фӕзуатты.

"Хуссар Ирыстоны педагогон кусджыты фембӕлдтӕ сӕ коллегӕтимӕ Цӕгат Кавказы федералон университетӕй ссисты хорз традици – ахӕм мадзӕлтты руаджы мах райсӕм хорз хъуыдытӕ, кӕцытӕ сты ӕнӕмӕнгхъӕуӕг профессионалон райрӕзты тыххӕй", - банысан кодта Хуссар Ирыстоны квалификаци фӕбӕрзонддӕр кӕныны институты директор Къӕбулты Заира.

Пресс-службӕйы банысан кодтой, "Уырыссаг ӕвзаг – къахдзӕф фидӕнмӕ" проект реализаци кӕны ХПӔ бӕстӕты фӕдыл Федералон агентад, афтӕ ма ӕххӕст цӕуы ӕхсӕнадӕмон гуманитарон ӕмгуыстады руаджы.