Хуссар Иры президент схорзæхджын кодта Гергиты Валерий æмæ Мариинаг оркестры

Зындгонд дирижер хорзæхджын æрцыд Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы адæмты хсæн хæларадон ахастыты райрæзтмæ стыр хайбавæрды тыххæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий схорзæхджын кодта Мариинаг театры аивадон къухдариуæггæнæджы, УФ адæмон артист Гергиты Валерийы майданæй "270 азы Ирыстоны фыццаг минæварадыл Петербурджы", хъусын кæны республикæйы культурæйы министрад.

Бибылты Анатолий сӕвӕрдта дидинджытӕ Беслӕны амӕттӕгты монументмӕ Петербурджы

Зындгонд дирижерæн хорзæх радтæуыд Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы адæмты хсæн хæларадон ахастыты райрæзт æмæ сфидар кæнынмæ стыр хайбавæрды тыххæй, атфæ ма Петербурджы Ирыстоны фыццаг минæварадыл 270 азы сæххæсты бæрæгбон нысан кæныны цытæн.

Афтæ ма президенты барамындæй Кады орденæй хорзæхджын æрцыд Мариинаг тетатры симфоникон оркестр, кæцы 2008 азы гуырдзиаг-ирон хæсты хæдфæстæ æрцыд Цхинвалмæ æмæ парламенты сыгъд бæстыхайы раз ауагъта концерт.

Хорзæхкæныны церемони ацыд Петербурджы юбилейон мадзæлтты фæлгæтты, кæцытæ нывонд сты Ирыстоны фыццаг минæварадыл 270 азы сæххæстæн.