Цӕттӕ стӕм ӕмгуыстадмӕ: Хуссар Иры президент фембӕлд Герцены номыл университеты ректоримӕ

Ахуыргӕнӕндоны ректор банысан кодта, цӕттӕ кӕй у сорганизаци кӕнын хуссарирыстойнаг студентты ахуыр ӕмӕ равдыста ныфс, республикӕимӕ ӕмархайд кӕй адарддӕр кӕндзысты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны делегаци бабӕрӕг кодта Герцены номыл Уӕрӕсейаг паддзахадон педагогон университет, кӕцыйӕн бындур ӕрӕвӕрдтой 1787 азы, уый у Европӕйы иууыл рагондӕр педагогон университет. Афтӕ ма президент Бибылты Анатолий ауагъта фембӕлд ахуыргӕнӕндоны ректор Сергей Богдановимӕ.

Цӕттӕ стӕм ӕмгуыстадмӕ: Хуссар Иры президент фембӕлд Герцены номыл университеты ректоримӕ

Делегаци бабӕрӕг кодта граф Разумовскийы галуан ӕмӕ галуанон тетатр, кӕцытӕ сты университеты комплексы. Уазджытӕн Хуссар Ирыстонӕй университеты библиотекӕйы историкон хайы равдыстой чингуыты коллекци, кӕцытӕ нывонд сты Ирыстонӕн, се хсӕн сты XVII ӕнусы чингуытӕ фӕсарӕйнаг историкты балцты тыххӕй Ирыстонмӕ.

Цӕттӕ стӕм ӕмгуыстадмӕ: Хуссар Иры президент фембӕлд Герцены номыл университеты ректоримӕ

Бибылты Анатолий загъта бузныг ректор ӕмӕ йӕ коллегӕтӕн историмӕ экскурс ӕмӕ библиотекон фонд бавӕрыны тыххӕй.

"Фӕнды мӕ бузныг зӕгъын Дӕ коллегӕтӕн, кӕцытӕ нын ауагътой ахӕм цымыдисон экскурси. Тынг ӕхсызгон уыд фенын чингуытӕ, кӕцытӕ баст сты Ирыстонимӕ, базонгӕ уын фӕсарӕйнаг ахуыргондты куыстытимӕ Ирыстоны историйы фӕдыл", - загъта Бибылты Анатолий.

Университеты ректор Сергей Богданов радзырдта ахуыргӕнӕндоны здӕхттӕ ӕмӕ фадӕтты тыххӕй, афтӕ ма банысан кодта йӕ цӕттӕдзинад ӕмгуыстадмӕ.

Цӕттӕ стӕм ӕмгуыстадмӕ: Хуссар Иры президент фембӕлд Герцены номыл университеты ректоримӕ

Ӕмгуыстады фӕдыл президент банысан кодта, кӕй ис фадӕттӕ бафыссын бадзырд ӕмӕ сфидар кӕнын ӕмархайд Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетимӕ.

Цӕттӕ стӕм ӕмгуыстадмӕ: Хуссар Иры президент фембӕлд Герцены номыл университеты ректоримӕ

Президент ӕмӕ Хуссар Ирыстоны делегаци ӕрцыдысты Санкт-Петербургмӕ "Ирыстоны культурӕйы бонты" бӕрӕгбоны фӕлгӕтты, кӕцытӕ нывонд сты Уӕрӕсейы фыццаг ирон минӕварадыл 270 азы сӕххӕсты цытӕн.