Хуссар Иры президент ӕмӕ Петербурджы губернатор ӕрдзырдтой ӕмгуыстады бадзырдыл

Уӕрӕсейы фыццаг ирон минӕварады баконды 270-азон юбилейы бӕрӕгбоны фӕлгӕтты Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг фембӕлд губернаторимӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий загъта бузныг Санкт-Петербурджы губернатор Александр Бегловӕн хъусдард ӕмӕ ӕххуысы тыххӕй мадзӕлттӕ сорганизаци кӕнынӕн, кӕцытӕ нывонд сты Уӕрӕсейы фыццаг ирон минӕварады бакондыл 270 азы сӕххӕсты цытӕн.

Фыццаг хатт Эрмитажы: ФХМ сæргълæууæг "Ирыстоны бонты" тыххæй Петербурджы

Президент пресс-секретарь Гасситы Дина куыд радзырдта, афтӕмӕй паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта мадзӕлтты бӕрзонд ӕмвӕзад.

"Мадзӕлттӕ иттӕг хорз ацыдысты. 270 азмӕ ӕрцыд бирӕ трагикон ӕмӕ позитивон цаутӕ: 2008 азы хӕст, Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымад Уӕрӕсейы Федерацийы рдыгӕй ӕмӕ дыууӕварсон ахастыты райрӕзт. Абон мах фидар кӕнӕм бастдзинӕдтӕ, кӕцытӕ уыдысты нӕ фыдӕлтӕн бирӕ ӕнусты размӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах алцыдӕр сараздзыстӕм, цӕмӕй бавӕрӕм ӕмӕ сфидар кӕнӕм ацы хӕларад", - загъта Бибылты Анатолий.

Хуссар Иры президент ӕмӕ Петербурджы губернатор ӕрдзырдтой ӕмгуыстады бадзырдыл

Президент равдыста ныфс, бӕстӕты хсӕн ахастытӕ дарддӕр кӕй райтынг уыдзысты кульутрӕ, ахуырад ӕмӕ медицинӕйы фадыджы.

"Уырны мӕ, ацы здӕхты размӕ кӕй ацӕудзыстӕм Хуссар Ирыстон ӕмӕ Санкт-Петербурджы хсӕн бадзырд бафыссыны фӕстӕ", - бахахх кодта Бибылты Анатолий.

Александр Беглов радзырдта, кӕй фӕнд кӕны райтынг кӕнын Хуссар Ирыстонимӕ ахастытӕ медицинӕ, туризм, культурӕ ӕмӕ ахуырады фадыджы ӕмӕ фӕхуыдта Бибылты Анатолийы Ӕхсӕнадӕмон экономикон форуммӕ. Губернатор равдыста ныфс, форумы фӕлгӕтты кӕй бафысдзысты ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд Санкт-Петербург ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хсӕн. Афтӕ ма Александр Белов радта президентӕн зӕрдылдарӕн майдан.

Хуссар Иры президент ӕмӕ Петербурджы губернатор ӕрдзырдтой ӕмгуыстады бадзырдыл
"Тынг ӕхсызгон мын у нӕ фембӕлд ӕмӕ мӕ фӕнды зӕгъын бузныг ирон адӕмӕн, кӕцытӕ хъахъхъӕдтой нӕ горӕт. Цалдӕр азы размӕ мах нысан кодтам Ленинград фашистон блокадӕйӕ ссӕрибар кӕныныл 70 азы сӕххӕст ӕмӕ рауагътам зӕрдылдарӕн майдан. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыдзӕн символикон, Дӕуӕн куы радтон ацы майдан. Уый уыдзӕн мысӕн ирон хъайтарты тыххӕй, кӕцытӕ бахъахъхъӕдтой мах", - загъта Александр Беглов.