Хуссарирыстойнаг армрестлертӕ стох кӕндзысты дунейы чемпионат ӕмӕ фыццагады

Турнир цӕудзӕн 26 октябрӕй 4 ноябрьмӕ горӕт Констанцайы (Румыни) ӕмӕ ӕрӕмбырд кӕдзӕн спортсменты дунейы 55 бӕстӕйӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 окт — Sputnik. Хуссарирыстойнаг спортсментӕ Гасситы Сослан, Хӕбӕлаты Арсен ӕмӕ Дыгъуызты Милена хайад райсдзысты дунейы чемпионат ӕмӕ фыццагады, кӕцы райдайдзӕн сабаты горӕт Констанцайы (Румыни).

Хуссар Иры спортсментæ рамбылдтой дæс майданы "Сабырадон Кавказ"-ы

Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы фӕдыл комитет.

Спортсменты тренер Джиоты Мириам банысан кодта ирон спортсменты иттӕг хорз цӕттӕдзинад.

"Мах тынг цӕттӕ кодтам нӕхи дунейы чемпионат ӕмӕ фыццагадмӕ ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ӕнтыстджын фӕстиуджытӕм. Сослан стох кӕндзӕн 100 кг фылдӕр уӕзы категорийы, Арсен - 70 кг онг, Милена та +80 кг категорийы", - радзырдта тренер.

Турнир, ӕрӕмбырд кӕдзӕн спортсменты дунейы 55 бӕстӕйӕ, йӕ куыст балхынцъ кӕндзӕн 4 ноябры.