Хуссар Иры спортсментæ рамбылдтой дæс майданы "Сабырадон Кавказ"-ы

© Из архива Мамеда КулумбеговаХуссар Иры спортсментæ рамбылдтой дæс майданы "Сабырадон Кавказ"-ы
Хуссар Иры спортсментæ рамбылдтой дæс майданы Сабырадон Кавказ-ы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕфсæддон æмбуар хæстæй уæлахиздзау ссис Плиты Гамлет, аннæ дисциплина æппæтстилон каратейы рамбылдта Къæбулты Хъазбег

ЦХИНВАЛ, 23 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны æмбуар хæсты секцийы хъомылгæнинæгтæ рамбылдтой дæс майданы Ӕппæтуæрæсейон культурон-спортивон фестиваль "Сабырадон Кавказ"–ы фæлгæтты уагъд цæуæг фыццагады.

Ирыстоны æмбырдгонд рамбылдта æхсæз сыгъзæрин майданы æмбуар хæстæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстоны æмбырдгонд рамбылдта æхсæз сыгъзæрин майданы æмбуар хæстæй

Цхинвайлаг спортсментæ расгуыхтысты æфсæддон æмбуар хæст æмæ æппæтстилон каратейы дисциплинæты, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Хъуылымбегты Мамед.

Ӕфсæддон æмбуар хæстæй уæлахиздзау ссис Плиты Гамлет, æвзист призертæ - Гингеури Алан, Мамиты Дауыт æмæ Бесаты Андрей, бронзæйон хорзæх райста Мамытаты Роман. Аннæ хаххыл - æппæтстилон каратейы дисциплинæйы рамбылдта Къæбулты Хъазбег, дыккаг бынат бацахста Чебатарев Алексей æмæ Тедеты Марат, æртыккаг бынат та ацыд Санахъоты Андрей æмæ Джиоты Арсен.

"Хуссар Иры командæй сконды уыд 14 спортсмены, уыдонæй 10 райстой майдантæ. Иумæйагæй сисгæйæ командæйы ралæуд уыд хорз. Уæлдай мæ рахицæн кæнын фæнды Къæбулты Хъазбег æмæ Бесаты Андрей архайд ерысты", - загъта Хъуылымбегты Мамед.

Тренер ма радзырдта, æфсæддон æмбуар хæсты командæ иумæйаг майданты нымæцмæ гæсгæ ссис ерысты бронзæйон призер.

Ног хабӕртты лентӕ
0