ЦХИНВАЛ, 28 окт - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Интернет-провайдер "Юг-Телеком" райдыдта уадзын ӕнӕлимитон интернет Хуссар Ирыстоны иууыл егъаудӕр хъӕутӕй иу – Цъунармӕ. "Юг-Телеком"-ы генералон директор Коцты Григорий радзырдта Sputnik республикӕйы районты куысты тыххӕй.
"Ныртӕккӕ уадзӕм хызӕг Цъунармӕ. Ноябры райдайӕны райдайдзыстӕм иу кӕнын абонентты", - загъта Коцты Григорий.
Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, ӕмрӕстӕджы интернет уадзынц Дменисы хъӕумӕ дӕр. Дменисмӕ интернет куы бауадзой, уӕд компанийы ацы азы куыстытӕ балхынцъ уыдзысты.
"Фидӕн аз нывӕндӕм ауадзын хызӕг Знауыр ӕмӕ Ленингоры поселоктӕм, афтӕ ма горӕт Къуайсамӕ. Куыстытӕ уыдзысты зын, уымӕн ӕмӕ ацы цӕрӕн пункттӕ сты дард столицӕйӕ. Куыстытӕ райдайдзысты фидӕн аз", - банысан кодта Коцты Григорий.
Амӕйразмӕ провайдер баиу кодта кабелон интернет Дзауы поселочы дӕр.
"Дзаумӕ хызӕгтӕ ӕвӕрдтам дыууӕ мӕйы дӕргъы. Уым махӕн нӕ бон у исын абонӕнтты куырдиӕттӕ ӕмӕ бафыссын семӕ бадзырдтӕ", - бахахх кодта уый.
"Юг-Телеком"-ы сӕргълӕууӕг банысан кодта, компани кӕй нывӕнды бакӕнын рӕстӕгмӕ офис Дзауы, горӕтмӕ ӕрцӕуыны фадат кӕмӕн нӕй, уыдонӕн.
Ныртæккæ горæт Цхинвал, йæ микрорайонтæ, æмæ ма горæтмæ хæстæг Тъбеты хъæу дæр ифтонг сты кабелон бастдзинад "Юг-Телеком"-ы хызæгтæй.