Хуссар Иры премьер: вандализмы тыххӕй хъӕуы ивар кӕнын

Хицауады сӕрдар загъта йӕ хъуыды ӕнахъомты архӕйдтыты тыххӕй, кӕцытӕ асастой автобусон ӕрлӕууӕны авг цхинвайлаг уынгтӕй иуыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 окт – Sputnik, Козаты Диана. Ӕнахъомтӕ, кӕцытӕ асастой ӕхсӕнадон транспорты ӕрлӕууӕны авг Цхинвалы, хъуамӕ ӕрбаздахой бӕрнмӕ, загъта Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик.

Хуссар Иры хицауад схъӕлӕс кодта 2019 азы бюджетмӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыныл

Амӕйразмӕ Цхинвалы администраци фехъусын кодта барадхъахъхъӕнӕг органтӕн, 27 октябры ӕбӕрӕг гоймӕгтӕ кӕй асастой ӕхсӕнадон транспорты ӕрлӕууӕны авг Путины уынгыл. Мидхъуыддӕгты министрад (МХМ) сбӕрӕг кодта фыдгӕнджыты, уыдон разындысты ӕртӕ ӕнахъомы, кӕцытӕ сӕ ныййарджытӕ ӕмӕ ахуыргӕнджыты раз басастысты сӕ фыдракӕндыл. Уыдон радзырдтой, пневматикон пистолетӕй кӕй асастой ӕрлӕууӕны авг.

"Хъӕуы уадзын куыст хистӕркъласонтимӕ, сӕ ныййарджытимӕ. Афтӕ ма бафӕдзӕхсын ахуыргӕнджыты, цӕмӕй урокы размӕ цыдӕр рӕстӕг хицӕн кӕной ахӕм темӕтӕн. Хъӕуы сын бамбарын кӕнын, алкӕйдӕр кӕй ӕрбаздахдзысты бӕрнмӕ. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ахӕм цауты рӕстӕджы хъӕуы ивар кӕнын", - загъта Пухаты Эрик хицауады рабадтыл.

Хицауады сӕрдар бахахх кодта, ахӕм архӕйдтытӕ иу адӕймагӕн куы ныппарой, уӕд дарддӕр дӕр цӕудзӕн ахӕм цаутӕ.