Гуырдзыстоны æмбæстаджы æрцахстой Хуссар Иры

Арæнхалæгæн тæрхондон аскъуыддзаг кодта административон бæрнмæ æркæнын æмæ республикæйæ феддæдуар кæнын
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстонæй феддæдуар кодтой Гуырдзыстоны æмбæстаджы, кæцы фехæлдта республикæйы паддзахадон арæн, фехъусын кодта Паддзахадон æдасдзинады пресс-службæйы кусæг Биазырты Екатерина.

ПӔК радзырдта ӕрдӕг азмӕ Хуссар Иры арӕн фехалджыты тыххӕй

Фæткхалæджы æрцахстой 6 ноябры Гуырдзыстонимæ арæны фадыгыл Цхинвалы районы Арцеуы хъæуы цур.

"Гуырдзыстоны æмбæстаг Бутхузи Захар Гогитайы фырты, 1991 азы гуырд, Гуры районы Куешийы хъæуы цæрæджы арæнхъахъхъæнджытæ æрцахстой арæны режим фехалыны тыххæй", - загъта Биазырты Екатерина.

Цхинвалы районон тæрхондон 8 ноябры арæнхалæгæн аскъуыддзаг кодта административон бæрнмæ æркæнын ивары хуызы æмæ республикæйæ феддæдуар кæнын.