Футболон клуб "Цхинвал"-ы хъазт Чемпионты Лигайы финалы цыппӕрӕм хайы ахицӕн ӕмдыхӕй

"Цхинвал" ӕмӕ "Энергетик"-ы хсӕн дыккаг хъазт ацӕудзӕн ӕртыццӕджы, 13 ноябры, Прохдладныйы стадионыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 ноя - Sputnik. Футболон клуб "Цхинвал" ӕмӕ командӕ "Энергетик" Прохладныйӕ фембӕлдысты Хуссар Федералон зылд ӕмӕ Цӕгат Кавказы федералон зылды Чемпионты Лигайы финалы цыппӕрӕм хайы, хъазт ахицӕн 0:0 хыгъдӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ. Хъазт ацыд хуыцаубоны Дзӕуджыхъӕуы.

Футболон клуб "Цхинвал" рамбылдта чемпионты лигӕйы фыццаг матч

"Хъазт уыд тынг уӕззау. "Энергетик" у организацигонд командӕ. Мах уӕддӕр хъуамӕ рамбылдтаиккам, фӕлӕ не среализаци кодтам нӕ моменттӕ", - банысан кодта цхинвайлаг командӕйы тренер Хъоцыты Солан.

Командӕты хсӕн дыккаг хъазт ацӕудзӕн ӕртыццӕджы, 13 ноябры, Прохдладныйы.

Амӕйразмӕ "Цхинвал" Чемпионты Лигайы финалы ӕстӕм хайы рамбылдта Хъӕрӕсе-Черкесы командӕйы "Псыж". Командӕ "Энергетик" дыууӕхъазтон тохы рамбылдта Ставрополы крайы чемпион "Агросоюз"-ы.