Цхинвайлаг дизайнер равдыста йæ коллекци модæйы къуыри "Fashion Week Tajikistan"-ы

Бекъойты Хохы ныхæстæм гæсгæ, коллекци подиумы кы рацыд, уæд Хуссар Ирыстонмæ фæсхæстон республикæйы цæстæй ничиуал каст
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг дизайнер Бекъойты Хох уазæджы хуызы хайад райста модæйы къуыри "Fashion Week Tajikistan"-ы Душанбейы.

Централон Азийы модæйы дунейы сæйраг мадзал цыд æртæ боны дæргъы, æвдæм ноябрæй.

Цхинвайлаг дизайнер равдыста йæ коллекци модæйы къуыри "Fashion Week Tajikistan"-ы

"Таджикистан ахæм бæстæ у, цы ран сыгъзæрин , æрттывд æмæ шик æгъгъæд никуы вæййы. Бынæттон дизайнертæ фылдæр бæрцæй бæрæгбонон дарæс хуыйынц бархатæй æмæ бирæнымæц дуртæ æмæ æрттивæгтимæ. Равдыстты архайдтой национ æмæ нырыккон дарæс, стæй ма бирæ зындгонд фæсарæйнаг дизайнертæ", - загъта Sputnik дизайнер.

Хуссарирыстойнаг дизайнеры коллекци ныууагътой мадзалы кæронмæ.

Цхинвайлаг модельер Бекъойты Хох равдыста йæ коллекци Нальчикы

"Мæнæн тынг æхсызгон у мæ коллекци мын "десертмæ"- кæй ныууагътой. Модельтæ мæ дарæсы куы рацыдысты подиумы, уæд Хуссар Ирыстонмæ фæсхæстон республикæйы цæстæй ничиуал каст. Алкæцы конкурс дæтты фæлтæрддзинад, ног хъуыдытæ æмæ бастдзинæдтæ", - бафтыдта Бекъойты Хох.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Централон Азийы модæйы къуырийы архайдтой хъуыстгонд дизайнертæ Хармаева Сабина, брендтæ PARI Collection æмæ Моуо Мухае Рустамзадейы бындурæвæрджытæ, стæй ма Умед Кучкалиев, Нафиса Имранова æмæ æндæртæ.

Цхинвайлаг дизайнер равдыста йæ коллекци модæйы къуыри "Fashion Week Tajikistan"-ы