Булкъон Лали

Хуссар Иры иууыл зындгонддæр милиционер йæ дæргъвæтин отпускæй рацыды фыццаг бон радзырдта Sputnik йæ царды вазыгджын фæндæгтыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры иууыл зындгонддæр булкъон Гатайты Лали барадхъахъхъæнæг органты системæйы ис 26 азы. Дæргъвæтин рæстæг йæ хъусдарды бын сты æнæрæстмæ бинонтæ æмæ сеʻнамонд сабитæ. Сылгоймаг-милиционер радзырда Sputnik куыд бацыд органтæм, цæмæн бауарзта йæ куыст æмæ цы араздзæн пенсийы.

Ивгъуыд улæфт бонты Хуссар Иры банысан кодтой Милицийы бон. 10 ноябры та уæлвонг систой барадхъахъхъæнæджы кадджын ном, нымадтой се ʻсгуыхтдзинæдтæ, сæ æдзухон тасы куыст æмæ ацы фадыджы чи расгуыхт, уыдон нæмттæ. Чидæртæ истой майдантæ æмæ хорзæхтæ. Социалон хызæг Фейсбукы лентæ та ссис Гатайты Лаийы арфæты чиныг. Хуссар Иры иууыл зындгонддæр милиционерæн раарфæ кæнынмæ тырныдта алчидæр.

Булкъон Лали

Булкъон Гататы Лалийы Цхинвалы зоны алы адæймаг дæр. Хъæлдзæг æвзонг сылгоймаг, æдзух мидбылты худтимæ æмæ карз уагахастимæ æввахс у Цхинвалы цæрджыты фылдæрæн. Чызг мидхъуыддæгты министрады структурæмæ бацыд 18 азы кары, 93-æм æзты хæццæ рæстæджы. Уæды дуджы милицийæн уадиссаджы тых нæ уыд, кусын дзы кæй фæндыд, уыдон нымæц дæр уыд æнахуыр цъус.

Милици фæфылдæр кодта йæ нарядтæ Хуссар Иры скъолатæ æмæ сабидæтты цур

"Уыдтæн филологийы факультеты студенткæ æмæ уæд фæхуыдтой кусынмæ, уæд милицимæ уый бæрц ничи цыд. Мæн дæр уадиссаг не сфæндыд, фыццаг къуыри мæ мæ мад кодта куыстмæ", - мысы Гатайты Лали.

Уыцы дуджы горæты мидхъуыддæгты хайады хистæр уыд дзæнæттаг Ӕлборты Олег, Коцты Владимир та уыд министр, уыдоны цæсты бахауд спортсмен чызг.

"Цыма знон уыд афтæ йæ хъуыды кæнын, сæхимæ мæм куы фæдзырдтой, уæд мын йæхæдæг министр афтæ "æз дæр "уличный бой"-йæ тынг хыл кæнын". Мæ мын радтой рæстæг хъуыды кæнынæн", - радзырдта милиционер.

Цалынмæ чызг йæ куысты хъысмæт аскъуыддзаг кодта, уæдмæ уал сыхы йæ хæлæртты хъуыдымæ æрæмных кодта фарст.

"Сыхы æдзух цы фæсивæдимæ æмбæлдтæн, уыдонимæ аскъуыдзаг кодтам кæй мæ хъæуы бацæуын барадхъахъхъæнæг органтæм – "хъæуы нæ нæхи адæймаг уым" - ахæм уыд сеʻскъуыддзаг. 1993 азы майы райдыдтон мæ куыст, ныр дæр йæ хъуыды кæнын, уыд мыл сау куртка, хæлаф – slacks æмæ морæ хуыз дзабыр", - мысы уый.

Булкъон Лали

Чызг ссис Мидхъуыддæгты министрады æнахъомты хъуыддæгты фæдыл хайады кусæг æмæ йын радтой кæстæр лейтенанты ном.

"Диссаг у, фæлæ уæдæй фæстæмæ ыл хъуыды дæр никуыуал акодтон æндæр бынаты гæнæн ис æмæ кусон. Мæ коллектив æмæ куыст бауарзтон. Тыхджын зын дуг уыд - иуæй цыд хæст, аннæмæй мидæгæй дæр фыдракæндæй бæстæ абухта", - загъта уый.

Ӕвзонг чызг уæдмæ цард спортæй, хорз æнтыстытæ йын уыд дзюдойæ, чызг уыд Гуырдзыстоны советон республикæйы æмбырдгонды сконды. 90-æм æзты стынг сты националистон змæлдтæ, бæстæйы æндæр нацитæн цæрæн фадат нал уыд. Бирæтæй æргомæй домдтой сæ мыггæгтæ гуырдзиагмæ раивын.

"Уæд мын æнхъардтой мæ мыггаг гуырдзиагмæ раивын, цæмæй адарддæр кодтаин мæ тренировкæтæ Гуырдзыстоны æмбырдгонды. Мæ мад Лилия Шеварденидзæ дæр уыд цæхгæр ныхмæ æмæ ныууагътам спорт", - дзуры Гатайты Лали.

Уыимæ иумæ уый дзуры, йæ цард бынтон æндæрхуызон кæй ацыдаид ацы куыстыл куыннæ фæцайдагъ уыдаид, уæд.

"Гæнæн ис æмæ мын зæнæджы зæнæг дæр уыдаид. Мæ ныййарджытæ раджы ахицæн сты æмæ мæ мады фыдæбон æмæ зын цард цæрæнбонты уыд мæ цæсты. Ӕвæццæгæн æнæрæстмæ бинонтæ мæ хъусдарды бын дæр уымæн сты. Тынг æмбарын сæ сабийы фæдарын сæ бон цы мæдтæн нæу, уыдоны дудгæбон", - зæгъы булкъон.

Булкъон Лали

24 бинонтæ сты нæ æппынæдзух хъусдарды бын.

"Мæ зæрдыл ма лæууы иу сылгоймаг йæ фыр тыхстæй йæ саби рынчындоны ныууагъта. Мах йæ сразы кодтам раздахын йæ сывæллоны, не ʻмкусæг Мæргъиты Уырызмæг ын балхæдта æппæт цы хъуыд. Ахæм бинонтæм никуыуал бацæуæм, цæмæй сын сæ зæрдыл мауал дарæм сæ царды састы бон, фæлæ сæм нæ цæст дарæм. Ӕз афтæ хъуыды кæнын, йæ сывæллон стæм мад рауæлдай кæндзæн – цард сæ снамонд кæны", - дзуры Лали.

26 азы уый у æвдисæн царды уæззау уавæртæн. Сæ хайады фæрцы бирæ æнахъом сабитæ аирвæзтысты.

"Тынг диссæгтæ федтам. Дыууæаздзыд саби дыууæ кг уыд фыдцардæй, иу сабийы та мад дардта къопы. Стæй сын рынчындоны мæйгæйтты хос кодтой. Уæд æмбæрстон – æнæхъуаджы нæу мæ куыст", - мысы уый.

Булкъон Лали феввахс кæны пенсийы кармæ, ныр уый йæ хæсыл нымайы бацæттæ кæнын ацы вазыгджын куыст йæхи хуызæн чи бауарза, ахæм адæймаджы.

"Куыддæр фенон йæ куыстыл мæ хуызæн æнувыд у, уыцы бон ныффысдзæн куырдаит æмæ ацæудзæн", - бафтыдта Лали.

Булкъон фæстаг рæстæджы фæцайдагъ ис спортыл, уый сæумæ райсом йæхи хуызæн активон адæмы ʻхсæн фенæн ис Тулдзы къохы кофе фыцгæ, науæд велосипедыл Дзауы онг афтын.

Сабитæ сабитæн: ахуырдзаутæ 1 сентябрьмæ хæрдзты фæрæзтæ радтой хæрзаудæн фондæн

"Райсом куы райхъал вæййын, уæд хатгай афтæ мæсты вæййын æмæ нывæндын куысты кæимæ фæхыл он. Фæлæ стæй ахизын æрдзмæ, æмæ маст фæлидзы", - зæгъы Гатайты Лали

Йæ дæлбар кусы ноджы фондз адæймаджы.

"Мæ цинтæ сты мæ хойы зæнæг, уæлдайдæр та Арсенчик. Ахсджийаг у мæ мады æнæниздзинад. Ацæудзæн пенсийы æмæ хæхтæм балц кæндзæн, Хъелы цады уал уыдтæн. Стæй ма кæдæй-уæдæй бафæрсдзæн 30 бафæлвардæй "Мастер и Маргарита"-йы. Цард хорз у, цы мын нæ батыст мæ хисæрмагонд царды, уый та, æвæццæгæн, хъысмæты афтæ фæндыд", - балхынцъ кодта уый.

Булкъон Лали