Сабитæ сабитæн: ахуырдзаутæ 1 сентябрьмæ хæрдзты фæрæзтæ радтой хæрзаудæн фондæн

© facebook/Радио "Ир-FM"Гимнази "Альбион"-ы 4б кълас
Гимнази Альбион-ы 4б кълас   - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрвылаз зонындзинæдты бæрæгбонмæ Цхинвалы ныууæй кæнынц мингай букеттæ, сæ аргътæ вæййынц æртæ сæдæйæ дыууæ мины онг

ЦХИНВАЛ, 6 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры гимнази "Альбион"-ы цыппæрæмкъласонтæ зонындзинæдты бæрæгбонмæ ахуыргæнæгæн зæрдылдарæн лæвары бæсты сæ фæрæзтæ радтой фонд "Лæвар базыртæ"-н. Фæрæзтæ здæхт æрцæудзысты коррекцион къласы куыстмæ, фехъусын кодта Sputnik фонды разамонæг Цхуырбаты Татьяна.

Цхинвалы бакодтой коррекцион кълас - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы бакодтой коррекцион кълас

Ахуыргæнæгæн уагдоны 4в кълас æрæмбырд кодтой сæ фæрæзтæ æмæ балхæдтой иу букет сæ ахуыргæнæгæн, аннæ фæрæзтæ радтой хæрзаудæн фондæн.

"Мæ хъуыдыйы уый у фыццаг ахæм хæрзаудæн акци, куы мын æй загътой уæд мæ цæссыгтæ акалдтон. Суммæ ахадгæ нæу, фæлæ сæхи хъуыдыйы ахæм хорздзинад кæй 'рцыд, уый раппæлинаг у. Ацы фæрæзтæ хардз æрцæудзысты коррекцион къласыл, балхæндзыстæм сын канцтовартæ æмæ хъазæнтæ", - загъта Цхуырбаты Татьяна.

Коррекцион къласы ис 12 сывæллоны бæрц.

Ӕрвылаз зонындзинæдты бæрæгбонмæ Цхинвалы ныууæй кæнынц мингай букеттæ, сæ аргътæ вæййынц æртæ сæдæйæ дыууæ мины онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0