Хуссар Иры ӕмӕ Днестргӕроны минӕвӕрттӕ бакусдзысты уӕлдӕр ӕмвӕзадыл фембӕлд ауадзыныл

Хуссар Ирыстоны официалон минӕвар Днестргӕроны радзырдта Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады сӕргълӕууӕгӕн хуссарирыстойнаг столицӕмӕ балцы хатдзӕгты тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны минӕварады сӕрдар Днестргӕроны Виталий Янковский ӕрдзырдта бӕстӕйы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Виталий Игнатьевимӕ ӕхсӕнуагдонон бастдзинӕдты райрӕзтыл ӕмӕ бӕрзонддӕр ӕмвӕзадыл дыууӕварсон фембӕлдыл бакусыныл.

Хуссар Иры минӕвары Днестргӕроны схорзӕхджын кодтой орден "Сгуыхтдзинӕдты тыххӕй"

Днестргӕроны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй Янковский радзырдта уагдоны сӕргълӕууӕгӕн Хуссар Ирыстонмӕ балцы хатдзӕгты тыххӕй.

"Фембӕлдты рӕстӕджы фарсытӕ загътой сӕ хъуыдытӕ цалдӕр проекты иумӕйаг реализацийы тыххӕй, афтӕ ма ӕрдзырдтой Днестргӕрон ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕмархайды здӕхтытыл", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Амӕйразмӕ Виталий Янковский фембӕлд Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолиимӕ республикӕйы столицӕйы. Паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта, Цхинвалы сӕ цӕст кӕй дарынц Днестргӕроны цаутӕм ӕмӕ йӕ нымайынц ӕфсымӕрон бӕстӕйыл.

Хуссар Иры ӕмӕ Днестргӕроны минӕвӕрттӕ бакусдзысты уӕлдӕр ӕмвӕзадыл фембӕлд ауадзыныл