Ног божоле ӕрцыд: Цхинвалы банысан кодтой ӕвзонг сӕны бӕрӕгбон

Ӕвзонг сӕны уарзджытӕ банысан кодтой ӕппӕтдунейон бӕрӕгбон "Божоле" бынӕттон сӕндуцджыты ӕххуысы руаджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 ноя - Sputnik. Ӕвзонг сӕны ӕрвылазон бӕрӕгбон "Божоле-нуво" ацыд Цхинвалы центры кафетӕй иуы, радзырдта Sputnik уагдоны къухдариуӕггӕнӕг.

Хуссар Иры сӕнтӕ бавдисдзысты Уӕрӕсейы егъау равдысты

Ӕвзонг сырх сӕн бавдыстой бӕрӕгбоны цытӕн цхинвайлаг сӕндуцджытӕ, куыд хӕдахуыр афтӕ егъау амалиуӕггӕнджытӕ дӕр.

Уагдоны къухдариуӕггӕнӕг куыд радзырдта, афтӕмӕй уазджытӕ бафӕлвӕрдтой сӕн, ноджы ма цыхт ӕмӕ сӕнӕфсиры алыгъуызон сортытӕ. Уымӕй дарддӕр мадзалы уыд культурон программӕ дӕр. Бӕрӕгбоны амонӕг уыд популярон зарӕггӕнӕг, Хуссар Ирыстоны Сгуыхт артист Тасойты Игорь.

"Алцыдӕр ацыд тынг позитивон, уазджытӕн уыд фадат хайад райсын музыкалон конкурсты – уӕлахиздзаутӕн лӕвар кодтой сӕны авг", - банысан кодта уый.

Ӕвзонг сӕны бӕрӕгбон "Божоле-нуво" фӕзынд Францийы 20 ӕнусы. Нысан ӕй кӕнынц ноябры ӕртыккаг цыппӕрӕмы, бӕрӕгбоны номдзыд лозунг у "Ног божоле ӕрцыд".