Президент бафхæрдта Хуссар Иры фæндагон службæты разамонджыты

Чиновниктæ æфхæрд æрцыдысты республикæйы сæйраг горæты Уæлахизы уынг цалцæг кæныны рæстæджы арæзтады нормæтæ фехалыны тыххæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 ноя - Sputnik. Бибылты Анатолий рахаста дзырдæфхæрд Хуссар Иры автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Гуыззыттаты Эдуард æмæ Паддзахадон унитарон куыстуат "Дорэкспострой"-йы гендиректор Лалылы Мурæтæн, фехъусын кодта майрæмбоны бæстæйы сæргълæууæджы пресс-секретарь Гасситы Дина.

Уæлахизы уынджы цæрджыты хъизæмæрттæ

Президенты барамынды дзырдæуы, дзырдæфхæрды аххосаг кæй у "республикæйы сæйраг горæты Уæлахизы уынг цалцæг кæныны рæстæджы арæзтады нормæты фехæлд", бахахх кодта пресс-секретарь. 

Арæзтады министрады куыд фехъусын кодтой Sputnik, афтæмæй Уæлахизы уынгыл уагъд цæуынц хæрзарæзтадон куыстытæ. Раздæр уым раивтой дæлзæххон коммуникацитæ, ныр "Дорэкспострой" цæттæ кæны уынг асфальтæй æмбæрзынмæ. Куыстытæ æххæст цæуынц Инвестпрограммæйы фæлгæтты.