Дыууӕ мин фӕсидты: Хуссар Иры УУМ сӕргълӕууӕг 2019 азы фӕстиуджыты тыххӕй

Министр ӕрдзырдта ацы аз зынгсирвӕзтты нымӕц ӕмӕ аххосӕгтыл, афтӕ ма бамбарын кодта, хъӕуты цалдӕр хатт хӕдзӕрттӕ цӕмӕн басыгъдысты иууылдӕр, горӕты та арт тагъддӕр цӕмӕн ахуыссын кӕнынц
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Азы райдианӕй Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ) ацыд дыууӕ минӕй фылдӕр фӕсидт ӕмӕ хъусинаджы фӕдыл, сӕдӕгай хӕттыты та уӕлвӕткон уавӕрты бынӕттӕм ацыд сӕрмагонд техникӕ, радзырдта Sputnik пресс-конференцийы уагдоны сӕргълӕууӕг Цоциты Азӕмӕт.

Оперативон уавӕр УУМ хаххыл 2019 азы министр нымайы стабилоныл.

"Аз уыд уӕззау, уымӕн ӕмӕ фӕсидтӕ, фаронмӕ абаргӕйӕ, уыдысты фылдӕр. УУМ ӕрбацыд дыууӕ минӕй фылдӕр фӕсидт ӕмӕ хъусинаджы. 1,3 мин хаттӕй фылдӕр рацыд нӕ сӕрмагонд техникӕ зынгсирвӕзттӕ, ссыгъдтӕ ӕмӕ цӕрджытӕн баххуыс кӕныны нысанӕн", - загъта Цоциты Азӕмӕт.

Ацы аз бирӕ бафыдӕбон кодтой зынджы ныхмӕ тохы службӕйы кусджытӕ дӕр - республикӕйы территорийыл ӕрцыд 351 ссыгъды ӕмӕ 26 зынгсирвӕзты. Уыдонӕй 19 хатты зынгфӕдисонтӕ артимӕ тох кодтой хисӕрмагонд хӕдзӕртты. дӕс хӕдзары нӕ бантыст аирвӕзын кӕнын, уыдон цъыбыртты сыгъд баисты. Хуыцауы фӕрцы, удзиан не 'рцыд.

Цхинвалы ссыгъд хисæрмагонд хæдзар

Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, басудзӕг хӕдзӕртты фылдӕр уыдысты хъӕуты ӕмӕ-иу зынгфӕдисонтӕ рӕстӕгыл нӕ бафтыдысты цауы бынатмӕ. Уыимӕ хӕдзӕртты фылдӕр уыд хъӕдӕй ӕмӕ уайтагъд дӕр асудзынц.

Уый ма бахахх кодта, зынгирвӕзттӕ фылдӕр хатт кӕй ӕрцӕуынц адӕймаджы аххосӕй. Фӕлӕ ацы аз егъау бӕллӕхтӕ не рцыд.

"Ленингоры районы кӕмдӕрты сыгъд хъӕд, Къуайса ӕмӕ Църуйы дӕр чысыл территоритӕ ссыгъдысты. Хъагыгӕн, фыдбылызы аххосджынты рафӕлгъауын нӕ бантыст", - банысан кодта УУМ сӕргълӕууӕг.

Цоциты Азӕмӕт ма радзырдта, зынгсирвӕзттӕ ма ӕруадзыны нысанӕн уагдоны инспектортӕ кӕй уадзынц профилактикон мадзӕлттӕ, ӕмгуыст кӕнынц районты администрацитимӕ.

Дыууӕ мин фӕсидты: Хуссар Иры УУМ сӕргълӕууӕг 2019 азы фӕстиуджыты тыххӕй

Афтӕ ма, бафтыдта министр, УУМ йӕ хъус дары туристтӕм, кӕцытӕ хӕсджын сты сӕ маршруттӕ уагдонимӕ скъуыддзаг кӕнын. Ацы аз ирвӕзынгӕнджыты ӕххуыс дыууӕ хатт бахъуыд бӕлццӕтты, кӕцытӕ ахызтысты уыцы домӕны сӕрты.