Цхинвайлаг вокалист IDARCHIK ахызт "Супер Звезда"-йы финалы цыппæрæм хаймæ

Цæгат Кавказы республикæтæй зарæггæнджытæ проекты фæлгæтты тох кæнынц Кавказы стъалыйы номыл æмæ иу миуан сом призыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 ноя - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг зарæггæнæг Гаглойты Игорь (IDARCHIK) ахызт Цæцæны республикæйы телеуынынадон конкурс "Супер Звезда"-йы финалы цыппæрæм хаймæ. Уый радон этап басаста композици "Орлы или вороны"-йæ цæцæйнаг вокалист Юсуп Берсаникаевимæ.

Цхинвайлаг вокалист ссис Цæгат Иры конкурс "Голос Осетии"-йы призер

Проект у æппæтуæрсейон телеуынынадон конкурс "Голос"-ы æнгæс. Хуссарирыстойнаг зарæггæнæг Гаглойты Игорь æвзарæн этапы бацыд Уæрæсейы сгуыхт артист Цæрикъаты Феликсы командæмæ. Ӕрæджы ма лæппу ссис Цæгат Ирыстоны вокалон конкурс "Голос Осетии"-йы призер.

"Ныридæгæн нæхи активонæй цæттæ кæнæм радон этапмæ – æрдæгфиналмæ бахауынмæ. Алкæцы къухдариуӕггæнæгæн дæр ма баззад цыппар хъомылгæнинаджы. Ныр алкæмæн дæр уыдзæн хицæн номыр, алы зарæггæнӕг дæр равдисдзæн йæ диапазон, йæ фадæттæ. Архайджытæн се ʻмбис ахаудзæн", - загъта Sputnik зарæггæнæг.

"Супер Стъалы": Хуссарирыстойнаг вокалист хайад исы Цæцæны конкурсы

Уый ма банысан кодта, радон æмвæзады зарæггæнджыты кӕй æвзардзысты кæсджытæ.

"Дарддæр жюрийы уæнгтæ нал скъуыддзаг кæндзысты нæ хъысмæт. 1 декабры концерт рацæудзæн эфиры, уæд бакæндзысты хъæлæскæнӕн линитæ", - бафтыдта уый.

Музыкалон конкурс цæуы Цæцæны ПТРК эфиры, финалы фембæлдзысты дыууæ аккагдæр зарæггæнæджы. Уæлахиздзау райсдзæн Кавказы стъалыйы ном æмæ иу милуан сомы та приз.