Хуссар Иры ногӕй равзардзысты "Афӕдзы ӕвзонг адӕймаджы"

Хуссар Ирыстоны фӕсивӕды иууыл аккагдӕр минӕвӕртты номхыгъд, кӕцыты равзардзысты хъӕлӕсӕппӕрсты руаджы, фехъусын кӕндзысты 19 декабры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитет Россотрудничествойы минӕварадимӕ иумӕ рабӕрӕг кӕндзӕн Хуссар Ирыстоны 2019 азы иууыл хуыздӕр ӕвзонг адӕмы, хъусын кӕны комитеты пресс-службӕ.

Sputnik уацхӕссӕг ссис афӕдзы журналист Хуссар Иры

Преми "Афӕдзы ӕвзонг адӕймаджы" лауреатты хорзӕзхкӕныны ӕрвылазон церемони ацӕудзӕн 19 декабры 18.00 сахатыл ПККЗ "Чермен"-ы. Фӕсивӕды иууыл хуыздӕр минӕвӕртты, кӕцытӕ бахастой хайбавӕрд республикӕйы райрӕзтмӕ, равзардзысты алыгъуызон категориты, сӕ нымӕцы ӕвзонг ахуыргӕнӕг, журналист, юрист, тренер дипломат ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Фарон премийы лауреат "Афӕдзы журналист" номинацийы ссис информацион агентад Sputnik-ы уацхӕссӕг  Гӕбӕраты Ян.

Конкурс "Афӕдзы ӕвзонг адӕймаг" уагъд цӕуы фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитет ӕмӕ Уӕрӕсейаг зонад ӕмӕ культурӕйы центры хайадистӕй. Конкурсы уӕлахиздзауты сбӕрӕг кӕндзысты хъӕлӕсӕппӕрсты руаджы.