Бибылты Анатолий: фыццӕгӕм ӕрсидты депутатты архайды руаджы Хуссар Ир райста хӕдбардзинад

Республикӕйы президент раарфӕ кодта закондӕттӕг органӕн йӕ сӕвзӕрды боны цытӕн. 1990 азы 9 декабры ацыдысты фыццаг ӕвзӕрстытӕ Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр Советмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 дек - Sputnik. Фыццӕгӕм ӕрсидты парламенты патриотизм, политикон зонд ӕмӕ иумӕйаг куысты руаджы Хуссар Ирыстон райста хӕдбардзинад, фехъусын кодта Бибылты Анатолий йӕ арфӕйы закондӕттӕг органы сӕвзӕрды боны цытӕн.

Хуссар Иры парламенты нӕ ацыд тыхон министртӕн ӕнӕууӕнчы вотум

1990 азы 9 декабры ацыдысты фыццаг ӕвзӕрстытӕ Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр Советмӕ.

"Парламентаризмы институт ацы ӕзты дӕргъы фидар кодта нормативон-барадон базӕ ӕмӕ уыйы руаджы райтынг ис Республикӕ Хуссар Ирыстон дӕр. Хуссар Ирыстоны парламент 29 азы дӕргъы цы скъуыддзӕгтӕ рахаста, уыдон здӕхт уыдысты паддзахад сфидар кӕнынмӕ", - дзырдӕуы паддзахады сӕргълӕууӕджы арфӕйы.

Бибылты Анатолий бахахх кодта, ныртӕккӕ Хуссар Ирыстонӕн кӕй ис фидар закондӕттӕг базӕ. Афтӕ ма президент равдыста ныфс, VII ӕрсидты парламент дарддӕр эффективон ӕххӕст кӕй кӕндзӕн йӕ хӕслӕвӕрдтӕ.