WADA аиуварс кодта Уӕрӕсейы ерыстӕй

Ӕппӕтдунейон допингы ныхмӕ агентады (WADA) ӕххӕстгӕнӕг комитет ӕмхъӕлӕмӕй райста ӕмбӕрдзинады хӕдбар комитеты рекомендацитӕ уӕрӕсейаг фарсты фӕдыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 дек — Sputnik. Ӕппӕтдунейон допингы ныхмӕ агентады (WADA) ӕххӕстгӕнӕг комитет нӕ банымадта РУСАДА-йы допингы ныхмӕ кодексӕн аккаг, хъусын кӕны РИА Новости Уӕрӕсейаг допингы ныхмӕ агентады (РУСАДА) сӕргълӕууӕг Юрий Ганусыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.

"Азымджын нæ дæн": Таймæзты Артуры ацух кодтой олимпиаг майданæй

WADA-йы ӕмбӕрдзинады хӕдбар комитет радта рекомендаци, цӕмӕй Уӕрӕсейыл тобӕ сӕвӕрой уадзын ӕхсӕнадӕмон ерыстӕ цыппар азы дӕргъы, егъау ӕхсӕнадӕмон ерыстӕм уадзын ӕрмӕстдӕр "сыгъдӕг" уӕрӕсейаг спортсменты нейтралон статусы ӕмӕ ма уадзын Уӕрӕсейы хайад исын йӕхи тырысайы бын цыппар азы дӕргъы егъау турнирты (сӕ нымӕцы Олимпиаг ӕмӕ Паралимпиаг хъӕзтытӕ).

Афтӕ ма банхъардтой тобӕ сӕвӕрын Уӕрӕсейы Олимпиаг комитеты къухдариуӕгады хайадистыл егъау турнирты цыппар азы дӕргъы.

Ӕхсӕнадӕмон Олимпиаг комитеты сӕргълӕууӕг Томас Бах 5 декабры фехъусын кодта, комитет кӕй ӕххӕст кӕндзӕн скъуыддзаг, кӕцы рахӕсдзӕн WADA.