"Азымджын нæ дæн": Таймæзты Артуры ацух кодтой олимпиаг майданæй

© Sputnik / Наталья АйриянТаймæзты Артуры ацух кодтой олимпиаг майданæй
Таймæзты Артуры ацух кодтой олимпиаг майданæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спортсмен йæ фарсыл Instagram куыд ныффыста афтæмæй, уый бахъаст кæндзын Ӕхсæнадæмон олимпиаг комитеты уынаффæйыл

ЦХИНВАЛ, 24 июл — Sputnik. Ӕхсæнадæмон олимпиаг комитет ацух кодта ирон богал Таймæзты Артуры сыгъзæрин майданæй, кæцыйы уый рамбылдта Олимпиаде-2012-ы Лондоны, хъусын кæны Спорт-Экспресс.

Артур Таймазов, золото ОИ-2012 в Лондоне. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Таймæзты Артур: æз æнустæм баззайдзæн æртæ хатты олимпиаг чемпионæй

Фæлхаттон сгæрсты рæстæджы йæ допинг-пробæйы ссардæуыд тобæгонд препарат (анаболический стероид). 2017 азы уый ацух кодтой 2008 азы Пекины олимпиаг хъæзтыты сыгъзæрин майданæй, уæд йæ пробæйы сгæрсты сбæрæг кодтой дыууæ хуызы стероидтæ.

Спортсмен йæ фарсыл Instagram ныффыста, уавæрæн комментаритæ аразгæйæ, кæй бахъаст кæндзæн Ӕхсæнадæмон олимпиаг комитеты уынаффæйыл.

"ӔОК уынаффæ нымайын æнæбындуроныл. ӔОК мидæггагон экспертизæ нæ хынцын, афтæ ма нæ нымайын ацы экспертизæты роцедурæ, уый æргом нæу. Хъаст кæндзæн ацы уынаффæтыл", - банысан кодта богал.

Таймазов ма банхъардта Ӕхсæнадæмон олимпиаг комитет 2020 азы Токио Олимпиадæйы схорзæх кæнын дæс азы фæстæ , спортсментæ та сæхи уæлахиздзаутæ нымайæт æрмæстдæр дæс фæстæ сгæрст рацæугæйæ".

Ног хабӕртты лентӕ
0