ЦХИНВАЛ, 11 дек – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Ленингоры районы коммуналон службӕтӕ 95 проценты сӕххӕст кодтой ацы азы куысты нывӕзт, фехъусын кодта йӕ пресс-сконференцийы Цхинвалы районы администрацийы сӕргълӕууӕг Мамытаты Виталий.
Уый банысан кодта, афӕдзы дӕргъы районы ЦКХ тыхтӕ здӕхт кӕй уыдысты Ӕмдзӕрины хъӕуы (Цъинагар) спортзалы арӕзтадмӕ.
Спортивон зал аразынц бынӕттон скъолайӕн, афтӕ ма дзы сифтонг кодтой тренажерон зал дӕр, кӕцымӕ сӕ бон у цӕуын хъӕуы цӕрджытӕй алкӕмӕн дӕр.
"Бамбӕрзтам ын йӕ агъуыст, фесты фасадон ӕмӕ сӕрдӕн куыстытӕ. Чысыл фӕстиӕттимӕ цыд куыст, уымӕн ӕмӕ проектмӕ бахастӕуыд ивындзинӕдтӕ. Кӕцыдӕр специалистты бахъуыд Кӕсӕг-Балхъарӕй ӕрхонын", - радзырдта Мамытаты Виталий.
Афтӕ ма районы сӕргълӕууӕг банысан кодта, ацы аз ма арӕзт кӕй ӕрцыд хид Гуртайы хъӕумӕ - ацы цаумӕ цӕрджытӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты дӕс азы дӕргъы.
Хъӕууон хӕдзарадыл дзургӕйӕ, Мамытаты Виталий банысан кодта, районы кӕй ис мин гектарӕй фылдӕр хуымзӕххытӕ.
"Фылдӕр нӕм зайы мӕнӕу, хор ӕмӕ нартхор. Зӕххытӕ рагӕй нӕ баулӕфыдысты, уый та ӕвзӕрырдӕм ӕндавы тыллӕгыл", - бахахх кодта уый.
Сӕйраг проблемӕ, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, районы у донхӕры цухдзинад, фарст аскъуыддзаг кӕнын та домы бирӕ фӕрӕзтӕ.
Районы къухдариуӕгады нывӕзты ма ис фидӕнмӕ дыууӕ гектар быдыры байтауын халсӕрттӕ.
Уымӕй дарддӕр ма Мамытаты Виталий нымайы хорзыл чысыл фермӕты арӕзтад районы, цӕмӕй сабитӕттӕ ифтонг цӕуон бынӕттон ӕхсырӕй.