Науруйы лӕвар Хуссар Иры адӕмӕн: дыууӕ бӕстӕйы хсӕн дипломатон ахастыты 10-азон юбилей

Дӕс азы размӕ, 16 декабры 2009 азы, Науруйы къухдариуӕгад банымадта Республикӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад (ФХМ) арвыста арфӕйы тел Науруйы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгтӕ, базарад ӕмӕ финансты министрадмӕ дыууӕ бӕстӕйы хсӕн дипломатон ахастытӕ сфидар кӕныны 10-ӕм афӕдзы боны цытӕн.

Науруйы лӕвар Хуссар Иры адӕмӕн: дыууӕ бӕстӕйы хсӕн дипломатон ахастыты 10-азон юбилей

Республикӕ Науру банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад 16 декабры 2009 азы. ФХМ хъусинаджы куыд хъусын кӕнынц, афтӕмӕй ацы датӕйӕн ис ахсджиаг бынат хуссарирыстойнаг республикӕйы историйы.

"Ацы бон Науруйы къухдариуӕгад фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайын ӕмӕ дыууӕ бӕстӕйы хсӕн дипломатон ахастытӕ сфидар кӕныны фӕнды тыххӕй. Ацы къахдзӕф уыд стыр лӕвар Республикӕ Хуссар Ирыстоны адӕмӕн", - дзырдӕуы арфӕйы телы.

ФХМ бафтыдтой, зӕгъгӕ, 10 азмӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Науруйы хсӕн бастдзинӕдтӕ райстой пайдаджын райрӕзт, кӕцы здӕхт у политикон, экономикон ӕмӕ культурон ӕмгуыстады рауӕрӕхмӕ.