Алыгъуызон фӕлындӕнтӕ ӕмӕ бюджет: Цхинвалы байгом ногазон армукъа

Хуссар Ирыстоны столицӕйы ногазон армукъайы гӕнӕн ис балхӕнын аразгӕ наз бӕлӕстӕ ӕмӕ алыгъуызон фӕлындӕнтӕ, афтӕ ма райсын бӕрӕгбонон зӕрдӕйы уаг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 дек – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы къуырисӕры, 16 декабры, байгом ногазон армукъа. Традицимӕ гӕсгӕ базарадон рӕнхъытӕ сӕвӕрдтой горӕты базары раз Харебаты Исахъхъы уынгыл. Уым ис гирляндӕтӕ, рӕсугъд хъазӕнтӕ ӕмӕ бирӕнымӕц сувениртӕ горӕты цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕн.

Армукъа, наз бæлас æмæ гирляндæтæ: куыд цæттæ кæнынц Цхинвал Ног азмæ

Базары рӕнхъыты фылдӕр хай нырма гом нӕу, фӕлӕ тагъд рӕстӕджы бирӕнымӕц уӕйгӕнджытӕ райдайдзысты уӕй кӕнын сӕ продукци. Армукъа кусдзӕн суанг Ног азы онг.

Амалиуӕггӕнджытӕй иу куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй ацы аз хъазӕнтӕ хицӕн кӕнынц ӕнахуырдзинадӕй – армукъайы бавдыстой бирӕ къухӕй арӕзт куыстытӕ.

"Армукъайы бавдисдзыстӕм алыгъуызон фӕлындӕнтӕ. Афтӕ ма ӕрмхудтӕ ӕмӕ цъындатӕ наз бӕласӕн, фӕлындӕнтӕ ӕмӕ гирляндӕтӕ", - радзырдта чызг-уӕйгӕнӕг.
Алыгъуызон фӕлындӕнтӕ ӕмӕ бюджет: Цхинвалы байгом ногазон армукъа

Назы бӕласы хъазӕнтӕ гӕнӕн ис балхӕнын 15-ӕй 500 сомы онг аргъӕй. Хъазӕнтӕ, гирляндӕтӕ ӕмӕ алыгъуызон фӕлындӕнтӕй дарддӕр армукъайы гӕнӕн ис балхӕнын аразгӕ назы бӕлас дӕр.

Ногазон армукъайӕн нырма нӕй егъау масштаб, фӕлӕ фыццаг клиенттӕ ныридӕгӕн тезгъо кӕнынц ӕмӕ ӕлхӕнынц назы бӕласы фӕлындӕнтӕ.