Бибылты Анатолий банысан кодта, райгонд кӕй у хицауады куыстӕй

Цхинвалы дыццӕджы уагъд цӕуы Хуссар Ирыстоны президенты пресс-конференци, Бибылты Анатолий ацӕугӕ азӕн аразы фӕстиуджытӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фехъусын кодта, райгонд кӕй у хицауады куыстӕй ацӕугӕ азы.

Хуссар Иры схорзӕхджын кодтой хицауады аппараты кусджыты

"Цы фадӕттӕ нын фӕзынд, сӕ нымӕцы финансонтӕ дӕр, уыдон нын фадат дӕттынц бирӕ проблемӕтӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн. Ӕхсызгонӕй нысан кӕнын, бюджетмӕ нӕхи ӕфтиӕгтӕ кӕй фӕфылдӕр сты 1,35 милиард сомы онг. Хицауад кусы ӕмӕ аразы ӕппӕт дӕр, цӕмӕй Хуссар Ирыстоны цӕрын фенцондӕр уа. Махӕн бантыс фӕфылдӕр кӕнын сывӕллӕтты фиддонтӕ, пенситӕ", - загъта бӕстӕйы сӕргълӕууӕг.

Уыимӕ ма президент банысан кодта, хицауады кӕй нӕ уыдзӕн серьезон кадрон ивындзинӕдтӕ.