Гуырдзыстон фидар кӕны йӕ блокпост Хуссар Иры ӕмӕ ӕвӕры йӕ алыварс снайперты – ПӔК

Хуссар Ирыстоны сӕрмагонд службӕ ралӕууыд куырдиатимӕ паддзахадон арӕны уавӕры эскалацийы тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 дек - Sputnik. Гуырдзиаг тыхон структурӕтӕ бавнӕлдтой Уисты (Цънелис) хъӕуы районы блокспот фидар кӕнынмӕ, хъусын кӕны дыццӕджы Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕ.

Хуссар Иры сӕрмагонд службӕ фехъусын кодта республикӕйы уӕлдӕфон тыгъдад фехалыны тыххӕй

Гуырдзыстоны МХМ августы кӕрӕтты бавнӕлдта блокпосты арӕзтадмӕ Уистӕйы хъӕуы цур, уӕд. Хуссар Ирыстоны делегаци Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты форматы фембӕлды рӕстӕджы 29 августы ӕрдомдта Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕй айсын блокпост ӕмӕ сын куы нӕ сразы тсы, уӕд ацыдысты фембӕлдӕй. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад уадзы мадзӕлттӕ, цӕмӕй сӕххӕст кӕна ӕдасдзинад Уистӕйы районы арӕны хайыл.

ПӔК информацимӕ гӕсгӕ, декабры райдайӕнӕй фӕстӕмӕ хуссарирыстойнаг арӕн хъахъхъӕнджытӕ сбӕрӕг кодтой, посты сӕрмагонд сконд ӕрвылбон кӕй ивы. Афтӕ ма гуырдзиаг тыхон структурӕтӕ ӕрбакодтой кризисон районмӕ уӕлӕмхасӕн тыхтӕ ӕмӕ ӕвӕрынц йӕ алыварс снайперты ӕмӕ цӕстдарӕн посттӕ.

"13-ӕй 15-ӕм декабрмӕ ПӔК Арӕнгӕрон службӕйы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой хӕцӕнгарзы ӕхстытӕ, афтӕ ма ӕнӕпилотон тӕхӕг аппаратты разысгӕрст Хуссар Ирыстоны территорийыл", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Комитеты сӕйраг хъусдард здӕхт у сигналон арӕнӕвӕрдты активацимӕ.

Уымӕй дарддӕр, 15 декабры арӕнгӕрон пункт "Раздӕхӕн"-ы цур гуырдзиаг хъӕу Одзисийы районы Гуырдзыстоны ӕмбӕстӕгтӕ, сӕйраджыдӕр, гуырдзиаг оппозицион партиты фарслӕуджытӕ ауагътой акци Важа Гаприндашивилийӕн ӕххуысӕн, кӕцыйы азымджын кӕнынц паддзахадон арӕн фехалыны.

Ӕрӕмбырдуӕвджытӕ домдтой рауадзын се ‘мбӕстаджы, афтӕ ма раразмӕ кодтой политикон домӕнтӕ, кӕцытӕ здӕхт сты Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕн фехалынмӕ. Уый фӕдыл ПӔК нысан кӕны, Тбилисы режимы деструктивон позици кӕй халы регионалон ӕдасдзинад ӕмӕ гӕнӕн ис расайа уавӕры эскалаци.