Хуссар Иры сӕрмагонд службӕ фехъусын кодта республикӕйы уӕлдӕфон тыгъдад фехалыны тыххӕй

© Instagram/ maxmpowerӔнӕпилотон тӕхӕг аппарат
Ӕнӕпилотон тӕхӕг аппарат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырдзиаг ӕпӕпилотон тӕхӕг аппаратты разысгарӕн атахт федтой Цънелисы хъӕуы районы, цы ран сӕрды кӕрон республикӕйы территорйыл Гуырдзыстоны МХМ сӕвӕрдтой ӕнӕзаконон блокпост

ЦХИНВАЛ, 10 дек - Sputnik. Гуырдзиаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараттӕ цалдӕр хатты фехӕлдтой Хуссар Ирыстоны уӕлдӕфон тыгъдад фӕстаг бонты, фехъусын кодта Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕйы хистӕр Биазырты Екатерина.

Гуырдзиаг полици - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуырдзыстон дарддӕр аразы провокацитӕ Хуссар Ирыстонимӕ арӕныл, фехъусын кодтой ПӔК

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, 7 декабры 18.00 сахатыл гуырдзиаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппарат радон хатт фехӕлдта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн паддзахадон арӕн, уый тахт цӕрӕг пункт Лопан (Хуссар Ирыстон) ӕмӕ Кодайы 'рдӕм (Гуырдзыстон).

"Республикӕ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитет хъусын кӕны, Гуырдзыстоны тыхон структурӕтӕ кӕй хъуамӕ ӕруромой ахӕм архӕйдтытӕ ӕмӕ нысан кӕны, 8 декабры Луганскы адӕмон республикӕйы адӕмон милици кӕй скуынӕг кодтой Украинайы Гарзджын тыхты квадрокоптер", - банысан кодтой ПӔК.

Ӕнӕзаконон блокпост

Хуссар Ирыстоны арӕныл уавӕры эскалаци райдыдта 23 августы, гуырдзиаг полици куы бавнӕлдта блокпосты арӕзтадмӕ Уистӕйы хъӕуы цур, уӕд.

Хуссар Ирыстоны делегаци Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты форматы фембӕлды рӕстӕджы 29 августы ӕрдомдта Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕй айсын блокпост ӕмӕ сын куы нӕ сразы тсы, уӕд ацыдысты фембӕлдӕй. Уый фӕстӕ ацыд ноджы фембӕлды ИӔАМ форматы, фӕлӕ сӕ хайадисджытӕ не рцыдысты компромиссмӕ. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад уадзы мадзӕлттӕ, цӕмӕй сӕххӕст кӕна ӕдасдзинад Уистӕйы районы арӕны хайыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0