Путины ӕрвылазон пресс-конференцийы размӕ журналистты суазӕг кодтой ирон уӕлибыхтӕй

Традицимӕ гӕсгӕ хӕринагарзӕг сцӕттӕ кодта ирон уӕлибыхтӕ - ӕндӕр бӕстӕты ӕмбӕстӕгты зӕрдӕмӕ тынг цӕуы ацы хӕринаг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 дек – Sputnik. Журналистты суазӕг кодтой ирон уӕлибыхтӕй УФ президент Владимир Путины ӕрвылазон пресс-конференцийы размӕ, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

"Никуы мӕ ферох уыдзӕн Беслӕн": Путин йӕ куысты иууыл уӕззаудӕр моментыл

Кейтерингы кусджытæ куыд рабæрæг кодтой, афтæмæй республикæйы национ хæринаг дзыллон информацийы фæрæзты кусджытæн тынг уарзон у. Журналисттæ ирон уӕлибыхтӕн сæ хуызтæ дæр хорз зонынц.

"Æз уын уæ чъиритæ тынг уарзын. Уымæй уæлдай сæ мæхæдæг дæр кæнын. Куыд кæнгæ сты, уый Интернеты бакастæн æмæ сæ уæдæй фæстæмæ арæх фæкæнын. Арæхдæр цæхæраджынтæ фæкæнын", — загъта "15-æм Регион"-æн газет «Ржевские новости»-йы уацхæссæг Светлана Артемьева.

Уӕрӕсейаг лидер Владимир Путин цыппӕрӕмы ауагъта 15-ӕм стыр пресс-конференци. Мадзал уагъд цӕуы 2001 азӕй фӕстӕмӕ.