Цхинвалы ацӕудзӕн ӕрвылазон турнир ленк кӕнынӕй

Ерысты рӕстӕджы сӕ тыхтӕ бафӕлвардзысты бассейнтӕ "Дельфин" ӕмӕ "Олимп"-ы ленкӕджытӕ алкӕцы кары дӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы спорты галуан "Олимп"-ы 21-22 декабры ацӕудзӕн ӕрвылазон чемпионат ленк кӕнынӕй, хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ.

Хуссар Иры ленкгӕнджытӕ рамбылдтой дыууӕ сыгъзӕрин ӕмӕ иу ӕвзист майдан ерысты

Спортивон мадзалы хайад райсдзысты бассейнтӕ "Дельфин" ӕмӕ "Олимп"-ы ленкгӕджытӕ. Иумӕйагӕй чемпионаты хайад райсдзысты 200 ленкгӕнӕгмӕ ӕввахс.

Хуссар Ирыстоны Ленк кӕныны федерацийы президент Евгения Терлеева куыд радзырдта, афтӕмӕй чемпионат цӕудзӕн ӕнӕ арӕнӕвӕрдтӕй кары къордты хсӕн ӕмӕ рабӕрӕг кӕндзӕн тыхджындӕр спортсменты алыгъуызон дистанциты.

Чемпионаты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ сараздзысты республикӕйы командӕтӕ 2020 азы ерыстӕм.