Цхинвалы боксерты командæ тох кæны Цæгат Иры ерысты

Къорды сконды тох кæны 30 боксерæй фылдæр, тохтæ цæудзысты фондз боны дæргъы æмæ æнтыстджындæртæ ацæудзысты бæрзонддæр æмвæзады ерыстæм
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 дек - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры боксы æппæт секциты хъомылгæнинæгты иумæйаг къорд хайад исы Цæгат Ирыстоны чемпионат æмæ фыццагады. Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ фидар цæуы æмбырдгонд командæ, фехъусын кодта Sputnik фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты кусæг Бестауты Чермен.

Ерысты æдæппæт архайынц 300 боксерæй фылдæр.

Дыууæ боны тохтæ, 20 уæлахиздзау æмæ ныййарæджы фæдзæхст: Дзауы ахицæн ис боксы турнир

"Цæгат Ирыстоны чемпионат æмæ фыццагады Хуссар Ирыстонæй архайынц 30 спортсменæй фылдæр, уыдонæй цыппар чемпионаты архайджытæ - Тыбылты Александр, Уалыты Аслан, Бекъойты Азæмæт æмæ Терашвили Лейла. Ӕнтыстджындæртæ бахаудзысты æмбырдгондмæ æмæ сын фадат уыдзæн бæрзонддæр æмвæзады ерысты тох кæнын", - загъта Бестауты Чермен.

Ерыстæ райдыдтой 22 декабры æмæ ахицæн уыдзысты 26-мы.