Хуссар Иры парламенты спикер схорзӕхджын кодта ӕхсӕнадон змӕлд "Адæмы ныфс"-ы сӕрдары

Гӕджиты Радион раздӕр куыста Хуссар Ирыстоны ӕххӕстгӕнӕн ӕмӕ закондӕттӕн органты бӕрнон бынӕтты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 дек - Sputnik. Ӕхсӕнадон змӕлд "Адæмы ныфс"-ы сӕргълӕууӕг, президенты администрацийы ӕмбӕстӕгты куырдиӕттимӕ кусыны хайад хистӕр Гӕджиты Радионы схорзӕхджын кодтой парламенты Кады грамотӕйӕ. Бирӕазон цӕсгомджын куыст ӕмӕ активон ӕхсӕнадон архайды тыххӕй хорзӕх Гӕджиты Радионӕн радта закондӕттӕн органы спикер Тадтаты Алан.

Европарламентари: Европӕйы бирӕ тыхтӕ нымайынц Хуссар Ир хӕдбар бӕстӕйыл

Парламенты пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй спикер банысан кодта куысты ахсджиагдзинад, кӕцы ӕххӕст кӕны Гӕджиты Радион.

"Ӕз Дӕ фӕхуыдтон, цӕмӕй дын зӕгъон бузныг куысты тыххӕй, кӕцы ды ӕххӕст кӕныс. Ӕмӕ мӕ уый фӕдыл фӕнды схорзӕхджын кӕнын дӕу РХИ Парламенты Кады грамотӕйӕ", - загъта Тадтаты Алан.

Гӕджиты Радион раздӕр куыста Хуссар Ирыстоны ӕххӕстгӕнӕн ӕмӕ закондӕттӕн органты бӕрнон бынӕтты – уый уыд Хуссар Ирыстоны Сӕйраг таможнӕйон хайады хистӕр, афтӕ ма РХИ парламенты II ӕмӕ III ӕрсидты депутат. 1998 азӕй 2000 азмӕ уый уыд парламенты законад, адӕмон бартӕ ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады комитеты сӕрдар. 2000-2003 ӕзты Гӕджиты Радион уыд Республикӕйы фӕндагон фонды сӕргълӕууӕг.