Европарламентари: Европӕйы бирӕ тыхтӕ нымайынц Хуссар Ир хӕдбар бӕстӕйыл

© Sputnik / Алексей Витвицкий /  Ахизын медиабанкмæЕвропарламент
Европарламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ФХМ сӕргълӕууӕг фембӕлд Европарламенты депутатимӕ Брюсселы кусӕгон балцы фӕлгӕтты Европӕйы бӕстӕтӕм

ЦХИНВАЛ, 22 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий фембӕлд барад хъахъхъӕнӕг, Европарламенты депутат Татьяна Жданокимӕ. Фембӕлд ацыд цыппӕрӕмы, 21 ноябры, Брюсселы Европӕйы парламенты бӕстыхайы.

Медойты Дмитрий банысан кодта, Жданокы политикон архайд куыд Латви, афтӕ Европӕйы дӕр хорз зындгонд у Хуссар Ирыстоны.

© МИД РЮОХуссар Иры фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий, Европарламенты депутат Татьяна Жданок ӕмӕ РХИ ФХМ ӕххӕстбарджын минӕвар Бенилюксы бӕстӕты Пухаты Радион
Европарламентари: Европӕйы бирӕ тыхтӕ нымайынц Хуссар Ир хӕдбар бӕстӕйыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий, Европарламенты депутат Татьяна Жданок ӕмӕ РХИ ФХМ ӕххӕстбарджын минӕвар Бенилюксы бӕстӕты Пухаты Радион
"Мах хъуыды кӕнӕм, Ды куыд ӕрцыдтӕ Джульетто Кьезаимӕ нӕ бӕстӕмӕ 2008 азы. Уыдон уыдысты уӕззау фӕсхӕстон рӕстӕджытӕ. Мах дзурӕм бузныг ӕххуысы тыххӕй, кӕцы махӕн сӕххӕст кодтой Европарламенты дыууӕ архайгӕ депутаты", - загъта министр.

Афтӕ ма фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг бахахх кодта, зӕгъгӕ, ӕрцыд Бюссельмӕ, цӕмӕй бадӕтта Европарламентмӕ Хуссар Ирыстоны парламенты спикеры куырдиат ирон адӕмы геноцидыл 100 азы сӕххӕсты фӕдыл, кӕцы сӕххӕст кодтой 1920 азы Гуырдзиаг демократон республикӕйы хицауады ӕфсӕдтӕ.

Европӕйы сараздзысты ирон ӕхсӕнады ассоциаци Алани - Европӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Европӕйы сараздзысты ирон ӕхсӕнады ассоциаци "Алани - Европӕ"

Татьяна Жданок банысан кодта, хорз зонгӕ кӕй у Хуссар Ирыстоны уавӕримӕ ССРЦ ныппырхы рӕстӕгӕй фӕстӕмӕ.

"Уыцы рӕстӕджы мах фӕзылын кодтам Гамсахурдияйы ӕфсӕдты бабырст Хуссар Ирыстонмӕ, уый фӕстӕ та Гуырдзыстоны Паддзахадон Советы агрсесси Шеварнадзейы сӕргълӕудӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕзылын кодтам Саакашвилийы ӕфсӕдты агресси дӕр 2008 азы августы. Абон Хуссар Ирыстон у хӕдбар паддзахад, ӕмӕ йӕ хӕдбар бӕстӕйыл нымайынц Европӕйы бирӕ тыхтӕ дӕр. Хуссар Ирыстоны парламенты куырдиатмӕ мах лӕмбынӕгӕй ӕркӕсдзыстӕм", - загъта депутат.

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны парламент арвыста куырдиат Уӕрӕсейы къухдариуӕгадмӕ, УФ Паддзахадон думӕ ӕмӕ УФ Федерацийы Советмӕ 1920 азы хуссайраг ирӕтты геноцид банымайыны фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0