Хъазӕн мит ӕмӕ бӕрӕгбоны рухсытӕ: Цхинвалы бакодтой сӕйраг наз бӕлас

Республикӕйы сӕйраг горӕты Театралон фӕзуатыл байгом кодтой сӕйраг ногазон наз бӕлас. Сабитӕ ӕмӕ сӕ ныййарджытӕй дарддӕр ма бӕрӕгбонон мадзалмӕ ӕрбацыдысты бӕстӕйы къухдариуӕггӕнджытӕ президенты сӕргълӕудӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 дек – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Массон симгӕ кафт ӕмӕ хъазӕн митӕй банысан кодтой Хуссар Иры столицӕйы сӕйраг наз бӕласы баконд. Сӕдӕгай сабитӕ ӕртыццӕджы ӕрӕмбырд сты Цхинвалы централон фӕзуаты, цӕмӕй феной, куыд ссудздзысты ногазон рӕсугъд символы рухсытӕ.

Хъазӕн мит ӕмӕ бӕрӕгбоны рухсытӕ: Цхинвалы бакодтой сӕйраг наз бӕлас

Сывӕллӕтты ирхӕфстой Митын Дада ӕмӕ Митын чызг. Бӕрӕгбонмӕ ма ӕрбацыдысты бӕстӕйы къухдариуӕггӕнджытӕ президент Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй.

Цалдӕр ӕрсидты фӕстӕ бӕрӕгбоны сӕйраг атрибут цӕхӕртӕ скалдта алыгъуызон рухсытӕй. Президент раарфӕ кодта сабитӕн ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ ныййарджытӕм хъусой ӕмӕ хорз ахуыр кӕной.

"Зынаргъ сабитӕ ӕмӕ сӕ ныййарджытӕ! Мах иууылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм 31 декабрьмӕ, цӕмӕй иумӕ сӕмбӕлӕм ног 2020 азыл. Уырны мӕ, республикӕйы ӕппӕт сабитӕн дӕр ног аз кӕй ӕрхӕсдзӕн бирӕ ӕнтыстытӕ ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинад", - загъта паддзахады сӕргълӕууӕг.
Хъазӕн мит ӕмӕ бӕрӕгбоны рухсытӕ: Цхинвалы бакодтой сӕйраг наз бӕлас

Мадзал адаррдӕр ис зарджытӕ ӕмӕ алыгъуызон хъӕзтытӕй.Сывӕллӕттӕн сарӕзтой сюрприз дӕр - арвӕл сыл ӕркалд хъазӕн мит. Уыдон ӕй хъӕлдзӕгӕй ӕмбырд кодтой ӕмӕ йӕ ӕхстой кӕрӕдзийыл. Цыбыр ӕмгъуыдмӕ фӕзуат миты бын фӕцис.