Лӕвӕрттӕ, уазджытӕ ӕмӕ балцытӕ: куыд нысан кӕнынц Ног аз Хуссар Иры сидзӕртӕ

Хуссар Ирыстоны иунӕг сывӕллӕтты хӕдзары хъомылгӕнинӕгтӕн мадзӕлтты тыххӕй радзырдта уагдоны директор Гӕбӕраты Дзерассӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 дек – Sputnik, Годжысаты Анна. Ленингоры сывӕллӕтты хӕдзары уагъд цӕуынц ногазон мадзӕлттӕ. Сывӕллӕттӕ ныридӕгӕн бабӕрӕг кодтой театр, ныффыстой фыстӕджытӕ Митын Дадамӕ ӕмӕ райстой уазджыты Воронежӕй, фехъусын кодта Sputnik сывӕллӕтты хӕдзары директор Гӕбӕраты Дзерассӕ.

Уый банысан кодта, Ног азы агъоммӕ уагдоны ныридӕгӕн ауагътой цалдӕр мадзалы.

Лӕвӕрттӕ, уазджытӕ ӕмӕ балцытӕ: куыд нысан кӕнынц Ног аз Хуссар Иры сидзӕртӕ
"Абон, 25 декабры, ацыд ногазон наз бӕласы баконд. Мадзалы ралӕууыдысты нӕ сывӕллӕттӕ – кафыдысты, зарыдысты ӕмӕ равдыстой инсценировкӕтӕ", - загъта Гӕбӕраты Дзерассӕ.

Ивгъуыд къуыри Ленингоры сывӕллӕтты хӕдзар бабӕрӕг кодтой уазджытӕ Воронежӕй.

Хъазӕн мит ӕмӕ бӕрӕгбоны рухсытӕ: Цхинвалы бакодтой сӕйраг наз бӕлас

"Уыдон ӕрвылаз ӕрцӕуынц лӕвӕрттимӕ, ӕмӕ сӕм сывӕллӕттӕ алыхатт дӕр зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц. Уазджытӕ семӕ ӕркодтой Митын Дадайы ӕмӕ равдыстой оригиналон хиирхӕфсӕн программӕ", - радзырдта Гӕбӕраты Дзерассӕ.

Сывӕллӕтты хӕдзары хъомылгӕнинӕгты радон хатт бабӕрӕг кодтой арӕнгӕрон хайады кусджытӕ дӕр, кӕцытӕ сын раарфӕ кодтой ӕмӕ сорганизаци кодтой "адджын фынг".

Уымӕй дарддӕр сывӕллӕтты хӕдзары хъомылгӕнинӕгтӕ ацы аз ногӕй хайад райстой ПТРК "Ир"-ы проект "Бӕллицты фонтан"-ы.

Афтӕ ма телерадиокомпанийы кусджыты ӕрхуындӕй сывӕллӕттӕ бабӕрӕг кодтой Цхинвалы Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры ногазон мадзал.