Цхинвалы милици байста 1,5 мин тобӕгонд пиротехникон ӕрмӕджы

Тобӕгонд пиротехникон продукцийы ныхмӕ рейдтӕ уагъд цӕудзысты ногазон бӕрӕгбӕтты фӕудмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 дек – Sputnik. Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ дарддӕр уадзынц рейдтӕ столицӕйы базардон объекттыл, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной тобӕгонд пиротехникон продукци уӕй кӕныны цаутӕ. Мадзӕлттӕ уадзынц экономикон фыдракӕндты ныхмӕ тох ӕмӕ МСНК кинологон службӕйы кусджытимӕ иумӕ.

Цхинвалы дуканийы хицаумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ивар пиротехникӕ уӕй кӕныны тыххӕй

"Басгӕрстты рӕстӕджы ссардтой ӕмӕ байстой алыгъуызон пиротехникон ӕрмӕджыты 1656 иуӕджы. Фӕткхалджыты фӕдыл сарӕзтой административон протоколтӕ", - дзырдӕуы Хуссар Ирыстоны МХМ пресс-службӕйы хъусинаджы.

Милицийы кусджытӕ радон хатт бафӕдзӕхстой дуканитӕ ӕмӕ базарадон объектты хицӕутты пиротехникон продукци уӕй кӕныныл тобӕ ӕвӕрд кӕй ис. РХИ Законмӕ гӕсгӕ фӕткхалджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы административон бӕрн.

Хуссар Ирыстоны территорийыл рейдтӕ уагъд цӕудзысты ногазон бӕрӕгбӕтты фӕудмӕ.