Хуссар Иры УУМ-ӕн бантыст ахуыссын кӕнын хус кӕрдӕджы ссыгъд Цхинвалы цур

Зынгфӕдисонтӕ артимӕ тох кодтой къухӕй, уымӕн ӕмӕ сӕрмагонд техникӕйӕн фадат нӕ уыд бацӕуын зынгсирвӕзты бынатмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 дек — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Зынгфӕдисонтӕ аиуварс кодтой зынгсирвӕзт микрорайон "Хурзӕрин"-ы сӕрмӕ Хуссар Ирыстоны столицӕйы цур, фехъусын кодта Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-секретарь Тедеты Роза.

Хуссар Иры УУМ-ӕн бантыст ахуыссын кӕнын хус кӕрдӕджы ссыгъд Цхинвалы цур

Уый бахахх кодта, 30 зынгфӕдисоны цыппӕрӕмы райсомӕй фӕстӕмӕ хуыссын кодтой хус кӕрдӕджы ссыгъд хъӕдрӕбын.

Фæлдурæджджын зымæг: Хуссар Иры УУМ радзырдтой республикæйы зынгирвæзттыл

"Уыдон артимӕ тох кодтой къухӕй, уымӕн ӕмӕ сӕрмагонд техникӕйӕн фадат нӕ уыд бацӕуын зынгсирвӕзты бынатмӕ. Знон зынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой арт ӕмӕ йӕ нӕ бауагътой аххӕссын ӕндӕр бынӕттӕм", - радзырдта Тедеты Роза.

Цыппӕрӕмы райсом УУМ ӕрӕмбырд кодтой кусджыты, 11.00 сахатыл та къорд уыд зынгсирвӕзты бынаты.

Хуссар Иры УУМ-ӕн бантыст ахуыссын кӕнын хус кӕрдӕджы ссыгъд Цхинвалы цур
"Ауагътам разӕсгӕрст, сбӕрӕг кодтам 15 зынгсирвӕзты, уый фӕстӕ зынгфӕдисонтӕ бавнӕлдтой арт хуыссын кӕнынмӕ. 17.30 сахатыл зынгсирвӕзттӕ аиуварс кодтам", - радзырдта РХИ УУМ тыхтӕ цӕттӕ кӕныны хайады хистӕр Захарты Инал.

Уый размӕ зынгфӕдисонтӕ аиуварс кодтой зынгсирвӕзттӕ Ленингоры районы цæрæн пункттæ Канчабет, Раздахæн, Цолд, Знауыры районы хъæу Схлиты æмæ Цхинвалы районы Къусрет, Прис, æмæ Стыркомы хъæуты.