Хуссар Иры президенты администрацийы хистæр сæххæст кодта сабиты бæллицтæ

Козаты Игорь раарфæ кодта сабитæн Ног азы фæдыл æмæ сын балæвар кодта хъазæн уæлæфтауæнтæ, мобилон телефонтæ, спортивон экипировкæ æмæ пуртитæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 дек - Sputnik. Хуссар Иры президенты администрацийы сæргълæууæг Козаты Игорь хæрзаудæн акци "Бæллицты фонтан"-ы фæлгæтты сæххæст кодта цыппар сабийы ногазон бæллицтæ. Уый сывæллæттæн балæвар кодта хъазæн уæлæфтауæнтæ, мобилон телефонтæ, спортивон экипировкæ æмæ пуртитæ, хъусын кæны президент æмæ хицауады пресс-службæ.

Хуссар Иры президент сӕххӕст кодта сывӕллӕтты ногазон бӕллицтӕ

Козаты Игорь сывæллæтты фæхуыдта йæ кабинетмæ æмæ сын раарфæ кодта бæрæгбоны цытæн, йæ цæст сын бауарзта бирæ хъæлзæг цаутæ, æнтыстытæ æмæ хорздзинæдтæ.

"Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй уын уа бирæ æнтыстытæ ахуыры, бирæ мидбылхудтытæ, цæмæй уæ размæ лæууæг нысæнттæ иууылдæр сæххæст кæнат. Амондджын, æнæниз æмæ æнтыстджын ут", - загъта уый.

Акци "Бӕллицты фонтан" райдыдта 1 декабры 2017 азы ӕмӕ ацыд Хуссар Ирыстоны президенты ӕмархайдӕй. Проект уагъд цӕуы сывӕллӕтты хӕдзар ӕмӕ скъола-интернатты хъомылгӕнинӕгтӕн. Афтӕ ма акцийы хайад исынц ӕххуысхъуаг бинонты сывӕллӕттӕ.