Бибылты Анатолий Цъоны хӕххон трассӕйы тыххӕй: ацы бынатӕн ис стыр потенциал

Президент бабӕрӕг кодта трассӕ ӕмӕ загъта бузныг организатортӕн, кӕцытӕ ацы аз сарӕзтой къахдзоныгътӕ ӕмӕ экипировкӕйы прокат, сӕвӕрдтой палаткӕтӕ улӕфджытӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 янв - Sputnik. Цъоны хӕххон трассӕйӕн ис стыр потенциал курортон центры арӕзтадӕн, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий.

Хуссар Иры сывæллæттæ баулæфдзысты Цъæйы комы

Паддзахады сӕргълӕууӕг хуыцаубоны бабӕрӕг кодта республикӕйы иунӕг хӕххон трассӕ Дзауы районы, кӕцыйы хӕрзарӕзтад ӕххӕст кодта фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ, хъусын кӕны президенты пресс-секретарь Гасситы Дина.

Президент загъта бузныг организатортӕн, кӕцытӕ ацы аз сарӕзтой къахдзоныгътӕ ӕмӕ экипировкӕйы прокат, сӕвӕрдтой палаткӕтӕ улӕфджытӕн.

"Ӕхсызгон мын у, ам кӕй ӕмбырд кӕны бирӕ адӕм. Ацы бынатӕн ис стыр потенциал. Мах бакусдзыстӕм егъау курортон центр саразыны фарстыл. Чи нӕ уыд нырма ам, уыдонмӕ алкӕмӕдӕр сидын Цъоны хӕххон курортмӕ", - загъта Бибылты Анатолий.

Цъонмӕ улӕфт бонтӕ ӕрвитынмӕ ссӕуынц республикӕйы мингай адӕм, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттимӕ иумӕ хорз арвитой сӕ рӕстӕг.