ЦХИНВАЛ, 12 янв — Sputnik. Рауль Хаджимба ссӕрибар кодта Абхазы президенты бынат, хъусын кӕны РИА Новости республикӕйы вице-президент Аслан Барцицайыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.
"Тугкалд ма руадзын ӕмӕ республикӕйы сабырдзинад саразыны нысаниуӕгӕн, Рауль Хаджимба аскъуыддзаг кодта бафыссын ацы документ", - банысан кодта уый.
Документ уайтагъд бацыд йӕ тыхы. Ног ӕвзӕрстыты ацы аз марты Рауль Хаджимбайы хайадисты фарстыл нырма дзырд нӕ цӕуы, банысан кодта вице-президент. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕмӕ ӕрцыд уӕрӕсейаг лидеры ӕххуысгӕнӕг Владислав Сурков, цӕмӕй ӕркӕса уавӕрмӕ.
Амӕйразмӕ Абхазы ЦӔК снысан кодта ног президентон ӕвзӕрстыты датӕ – 22 март.
Сухумы цыппӕрӕмы, 9 январы, райдыдтой протесты акцитӕ. Сӕ хайадисджыты зӕрдӕмӕ нӕ цыд бӕстӕйы криминогенон уавӕр ӕмӕ фарон ноябры кӕрӕдзи ӕхсты фӕдыл фӕдагуырд. Уыцы рӕстӕг ма цыд тӕрхондоны рабадт бӕстӕйы президентмӕ экс-кандидат Алхас Квициниайы куырдиаты фӕдыл, кӕцы не сразы президентон ӕвзӕрстыты фӕстиуджытимӕ.
Рауль Хаджимбайы минӕвӕрттӕ фехъусын кодтой, ног президентон ӕвзӕрстытӕ куы снысан кӕной, уӕд дзы уый хайад райсдзӕн.