Афæдзы гоймаг: кæд æмæ цы номинациты хорзæхджын кæндзысты фæсивæды

Ацы аз организатортæ раног кодтой професситы номхыгъд, кæцыты æвзæрст æрцæудзысты хуыздæр минæвæрттæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 янв - Sputnik, Гæбæраты Ян. Хуссар Иры столицæйы 23 январы киноконцертон зал "Чермен"-ы равзардзысты аккагдæрты 18 профессийы. Æрвылазон акци "Афæдзы æвзонг гоймаг"-ы хорзæхтæ райсдзысты, сæ фадгуыты азы дæргъы стырдæр æнтыстытæ кæй къухы бафтыд, уыдон.

Мадзал аразы фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитет æмæ Россотрудничество.

Комитеты кусæг Гæджиты Алла радзырдта Sputnik, ацы аз номхыгъды кæй уыдзысты, ивгъуыд аз цы сферæтæй нæ уыд, ахæмтæ.

"Аккагдæр минæвæрттæ, кæцытæ бавæрдтой стырдæр хайбавæрд республикæйы размæцыдмæ, рахицæн кæндзысты 18 номинацийы, сæ нымæцы "Лучший репортер", "Лучший пекарь", "Пирограф года", "Доброволец года" æмæ æндæртæ", - загъта Гæджиты Алла.

Комитеты сæрдары хæдивæг Гатыгкоты Валентинайы ныхæстæм гæсгæ, фылдæр номинациты уæлахиздзауты равзæрстой уагдæтты уынаффæмæ гæсгæ.

Хуссар Ирыстоны фæзындзæн журналистты фыццаг паддзахадон преми

"Мах равзарæм номинацитæ адæмы тыххæй. Азы дæргъы нæ цæст дарæм се 'нтыстытæм æмæ стæй уый бындурыл фидар кæнæм номинациты номхыгъд", - загъта Гатыгкоты Валентина.

Раздæрау та ныр дæр сæйраг приз уыдзæн Даредзанты кадджыты хъайтар Амыраны статуэтка.

Хорзæх кæнын церемони фæнд кодтой ауадзын ивгъуыд азы кæрон, фæлæ хъуыддаг аргъæвтой æртæ æвзонг лæппуйы амæлæты тыххæй, кæцытæ бабын сты аварийы.