Хуссар Иры премьер: Мишустины рæстæджы УФ-имæ ахастытæ райдзысты ног импульс

Цыппæрæмы УФ президент Владимир Путин бафыста барамынд Михаил Мишустины хицауады сæрдарæй сынсан кæнын фæдыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдар Пухаты Эрик арвыста арфæйы тел Михаил Мишустинмæ Уæрæсейы хицауады разамонæгæй йæ кæй сынысан кодтой, уый фæдыл, цы ран уый равдыста йæ ныфс дарддæры æмгуыстады фæдыл Мæскуыимæ, хъусын кæны майрæмбоны хицауады пресс-службæ.

Цыппæрæмы Уæрæсейы президент Владимир Путин бафыста барамынд Михаил Мишустины бæстæйы хицауады сæрдарæй снысан кæныны фæдыл. Ӕмбæлон указ мыхуыр æрцыд Кремлы сайтыл. Уымæй размæ Паддзахадон Думæйы Мишустины кандидатурæйыл сразы сты 383 депутаты, ныхмæ ничи схъæлæс кодта, сæ хъæлæскæныны бартæй не спайда кодтой 41 депутат.

"Мах иумæйаг тыхтæй хæларадон æмархайды нывæзт æмæ радтын ног импульс алыварсон æмгуыстадæн, кæцы бындуриуæг кæны фидар хæларад æмæ æууæнкдзинады традицитыл", - дзырдæуы арфæйы телы.

Пухаты Эрик ма банысан кодта, Мишустины бæрон бынæттæ кусты фæлтæрддзинад æмæ профессионализм ахъаз уыдзæн Уæрæсейы социалон-экономикон размæцыдæн.

Медведевы номимæ æнустæм баст у Хуссар Иры сæйраг æнтыст - экс-депутат

Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдар ма бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы экс-премьерæн бирæ æзты дæргъы æмгустады тыххæй.

"Дæ скуыддзагХуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны фæдыл , кæцы ссис ахсджийаг нæ адæмæн, Ды æмархайд кодтай нæ бæстæйы размæцыдæн æмæ ног тых радтай социалон-экономикон размæцыдæн", - банысан æрцыд тексты.