Медведевы номимæ æнустæм баст у Хуссар Иры сæйраг æнтыст - экс-депутат

© Sputnik / Владимир Родионов /  Ахизын медиабанкмæДмитрий Медведев Цхинвалы
Дмитрий Медведев Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2008 азы августы Дмитрий Медведев, кæцы уыцы рæстæджы уыд Уæрæсейы президент, бафыста указ Хуссар Иры хæдбардзинад банымайыны фæдыл. Республикæ ацы хъуыддагыл тох кодта 20 азы

ЦХИНВАЛ, 17 янв - Sputnik, Козаты Диана. Дмитрий Медведевы номимæ æнустæм баст у Хуссар Иры сæйраг æнтыст - республикæйы хæдбардзинады банымад, ныффыста йæ фарсыл социалон хыз Facebook-ы хуссарирыстойнаг парламенты экс-депутат, кæцы лæууыд æддагон политикæйы комитеты сæргъ Коцты Игорь.

Михаил Мишустин ссис Уæрæсейы премьер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Михаил Мишустин ссис Уæрæсейы премьер

Дмитрий Медведев æртыццæджы фехъусын кодта, Уæрæсейы хицауад æппæт скондæй кæй цæуы отставкæйы.

Бон фæстæдæр рабæрæг ног премьер-министры ном - ацы бынат бацахста УФ Фиддонты Федералон службæйы сæргълæууæг Михаил Мишустин. Дмитрий Медведевы та  президент йæ указæй снысан кодта Ӕдасдзинады советы хистæры хæдивæгæй.

Коцты Игорь банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы хицауады отставкæйæн комментаритæ аразгæйæ, хъæуы фыццаг рады банысан кæнын ацы политикы хайбавæрд Хуссар Ирыстоны ног историмæ, алы уысм дæр зæрдыл дарын нæ историйы сæрагдæр акты.

"Дмитрий Медведевы номимæ æнустæм баст у Хуссар Иры сæйраг æнтыст, нæ уæлахиз - республикæйы хæдбардзинады банымад. Мæн фæнды стыр бузныг зæгъын Дмитрий Анатолийы фыртæн , цыдæриддæр нæ чысыл республикæйæн хорзæй сарæзта, уый тыххæй. Мæ зæрдæ йын зæгъы æнтыстытæ, фидар æнæниздзинад æмæ царды æппæт хæрзиуджытæ", - банысан кодта раздæры депутат.

Уæрæсе банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад 2008 азы августы - фондзбонон хæстæй дыууæ къуырийы фæстæ. Банымады тыххæй барамынд бафыста Дмитрий Медведев, кæцы уæд лæууыд бæстæйы сæргъ. 2012 азæй фæстæмæ та Медведев куыста Уæрæсейы хицауады сæрдарæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0