ЦХИНВАЛ, 21 янв - Sputnik. Хуссар Иры Цхинвалы районы ссардтой .Гуырдзыстоны уагъд тобæгон алкоголон продукцийы 80 авджы, хъусын кæны МХМ пресс-службæ. Ӕнæзаконон æгъдауæй алкоголон продукци уæй кæныны цау рабæрæг ис экономикон æдасдзинад æмæ коррупцийы ныхмæ тохы кусджыты рейдты рæстæджы.
"Криминалон милицийы дæлхайады кусджытæ Цхинвалы районы ТЭК-ы базары ссардтой Гуырдзыстоны уагъд тобæгон алкоголон продукцийы 80 авджы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Дыууæ амалиуæггæнæджы архайдтытæ хауынц административон фæткхалды цаутæм статьямæ "Незаконная продажа товаров (иных вещей), свободная реализация которых запрещена или ограничена". Фæткхалджыты тыххæй æрмæг æрвыст æрцæудзæн Цхинвалы районон тæрхондонмæ.