Хуссар Иры къорд скъолайы бакодтой карантин

Дæс ахуырадон уагдонæй фылдæры рынчынты нымæц ахызт 20 процентæй, уымæ гæсгæ аскъуыддзаг кодтой сæ сæхгæнын февральмæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 янв - Sputnik, Козаты Диана. Гриппæй рынчынты ахадгæ нымæц хынцгæйæ Хуссар Ирыстоны цалдæр скъола æмæ сабидоны сæхгæдтой карантиныл. Республикæйы сæйраг санитарон дохтыр Коцты Марина радзырдта Sputnik, карантин кæй ахæсдзæн фыццæгæм февральмæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахуырадон процесс æрурæдтой скъолатæ №1, 2, 5 æмæ 10, скъола-интернаты æмæ Аивæдты лицейы. Карантин бакодтой сабидæтты – №14, 17 æмæ 18.

"Иу къуырийы æмгъуыдмæ æрурæдтой ахуырдон процесс Дменисы скъолайы, Цъунары сабидоны (Цхинвалы район), стæй ма Дзау æмæ Гуфтайы (Дзауы район) сабидæтты æмæ Терегуаны (Знауыры район)", - загъта Коцты Марина.

Ацы уагдæтты рынчынтын нымæц ахызт 20 процентæй.

Карантин: Хуссар Иры гриппы тыххӕй сӕхгӕдтой дыууӕ скъола ӕмӕ сабидон

Сæйраг санитарон дохтыры ныхæстæм гæсгæ, къуырийы райдайæнæй фæарæхдæр кодтой ахуырадон уагдæтты мониторинг – ныр сæ сгарынц æрвылбон.

"Мах æрвылкъуырион режимы исдзыстæм информаци хосгæнæн уагдæттæм адæмы бацыды тыххæй, стæй ма бæрæг кæндзыстæм, рынчыны аххосæй скъолатæ æмæ сабидæтты чи нæй, уыдон нымæц", - бафтыдта уый.

Амæй размæ Югосетпотребнадзор развæлгъау фехъусын кодта, январы кæрон-февралы райдайæны кæй фæфылдæр уыдзæн гриппæй рынчынты нымæц.