УУМ радзырдта Транскам ӕмӕ Хуссар Иры фӕндӕгтыл уавӕры тыххӕй митуарды фӕстӕ

Хуссар Ирыстоны столицӕйы дысон ӕруарыд мит. Мит бамбӕрзта республикӕйы районтӕ дӕр – УУМ радзырдтой, куыд бандӕвта митуард республикӕйы фӕндӕгтыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 янв — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны митуард нӕ бахъыгдардта Транскавказон автомагистралы куыст – фӕндаг, кӕцы иу кӕны республикӕ Уӕрӕсеимӕ, кусы хуымӕтӕг режимы, фехъусын кодтой Sputnik республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) радгӕсон хайады.

"Дзауы районы Ручъы хъӕуы рауарыд чысыл мит. Ӕвзӕр боныгъӕд нӕ бандӕвта автотрассӕйы змӕлдыл. Къуайсайы рауарыд чысыл фылдӕр мит – 18-20 сантиметрмӕ ӕввахс, фӕлӕ уырдӕм фӕндаг ссыгъдӕг кодтой", - загътой УУМ-ы.

Уагдоны кусӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Ленингоры районмӕ фӕндаг ссыгъдӕг кодтой ӕмӕ кусы хуымӕтӕг режимы.

Боныгъӕд Ирыстоны

Хуссар Ирыстоны майрӕмбоны рауардзӕн чысыл мит. Температурӕ уыдзӕн -1-ӕй -3 градусмӕ, ӕхсӕвы уыдзӕн 5 градусы уазал.

Фыццаг мит, их фӕндаг, авари: Цхинвалы сӕмбӕлдысты дыууӕ хӕдтулгӕйы

Хуссар Ирыстоны улӕфт бонты, 24-25 январы, фӕуазалдӕр уыдзӕн ӕмӕ уыдзӕн асӕст раирдимӕ. Республикӕйы райсом ӕмӕ ӕхсӕвы уыдзӕн уазал, -6 градусы онг, бонӕй температурӕ уыдзӕн 0 градусы.

РЦИ-Аланийы майрӕмбоны уыдзӕн митуард, мигъ ӕмӕ их фӕндаг. Синоптикты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕхсӕвы температурӕ уыдзӕн 7 градусы уазал, бонӕй та -4-ӕй +1 градусмӕ.

Хӕххон районты ӕхсӕвы температурӕ уыдзӕн -13 градусы, бонӕй та дыууӕ градусы уазал.